Хуссар Иры теннисисттæ стох кæндзысты æхсæнадæмон ерысты Абхазы

© Sputnik / Из архива тренера М.ДжиоеваЦхинвайлаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир
Цхинвайлаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры командæйы сконды уыдзысты цыппар спортсмены

ЦХИНВАЛ, 15 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисистты къорд стох кæндзæн æхсæнадæмон турниры Абхазы. Ӕфсымæрон республикæйы стъолы теннисы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарæн ерысты архайдзæн ацы спорты Хуссар Иры æнтыстджындæр спортсмен Бекъойты Эдвард æмæ ноджы æртæ лæппуйы, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Нæ спортсментæ сты ацы ерысты æдзух архайджытæ.

Ирон теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта дыууӕ майданы Цӕгат Кавказы ерысты

"Абхазы æхсæнадæмон турниры стох кæндзысты Бекъойты Эдвард, Максим Ведмедеря, Тедеты Иосиф æмæ Куыдзеты Игорь. Ацы ерысты мах стæм æдзух призертæ", - загъта Джиоты Мириан.

Абхазы республикæйы стъолы теннисы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарæн турнир ацæудзæн 23 августы, ерыстæ уыдзысты, нымадмæ гæсгæ, дыууадæсæм хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0