Хъуылымбегты Елена: нӕ республикӕйы ис тынг зӕрдӕхӕлар адӕм

© Sputnik / Наталья АйриянХъуылымбегты Елена
Хъуылымбегты Елена - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн дуканийы бардарӕг Хъуылымбегты Лена радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн адӕмы ӕххуысы тыххӕй

Цхинвайлаг энтузиасттӕ ӕртӕ мӕйы размӕ бакодтой Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын". Ӕнахуыр дуканимӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕрбахӕссын хӕдзары цӕмӕй нал пайда кӕнынц, уыдон - уӕлдарӕс, къахдарӕс, чингуытӕ, хъазӕнтӕ, гигиенӕйы предметтӕ.

Хъуылымбегты Лена:

"Нæ республикæйы тынг зæрдæхæлар адæм цæры, цæуынц æмæ æххуыс кæнынц кæмæн йæ бон куыд у, афтæ. Хуссар Иры мидхъуыддæгты министрады горæты хайады кусджытæ æрымбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ сæхæдæг балхæдтой дарæс, дзабыртæ, æмбæрзæнтæ æмæ сæ радтой нæ хæрзаудæн дуканимæ. Уымæй дарддæр ма горæты дуканитæй бирæтæ æххуыс кæнынц бынтон ног дзаумæттæй, уыдонæн мæ фæнды зæгъын стыр бузныг", - загъта Хъуылымбегты Елена.

Ног хабӕртты лентӕ
0