Мурат Тхагалеговы концерт ацæудзæн Цхинвалы

Рафыссын
Кавказаг эстрадæйы поп-стъалы азардзæн Цхинвалы йæ хиттæ иууылдæр

ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Хуссарирыстойнаг столицæйы, ПККЗ "Чермен"-ы иннæ цыппæрæмы, 22 августы, ацæудзæн уæрæсейаг зарæггæнæг Мурат Тхагалеговы концерт "Едем на дискотеку".

"Мурат Тхагалегов райгуырд Кæсæг-Балхъары, æххæст кæны зарджытæ кавказаг поп-музыкæйы жанры, æнцонхъуыдыгæнæн тексттæ æмæ хуссайраг хъæлдзæг мотивтимæ", - хъусын кæны Хуссар Иры культурæйы министрады пресс-службæ.

Концерт ацæудзæн продюсерон центр Malina æмæ Хуссар Иры культурæйы министрады хъæппæрисæй, банысан кодтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0