Культурӕйы министрады радзырдтой, куыд нысан кӕндзӕн Хуссар Ир Хӕдбардзинады бон

© Sputnik / Наталья АйриянХӕдбардзинады банымады бон
Хӕдбардзинады банымады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 26 августы банысан кӕндзысты республикӕйы хӕдбардзинады банымады радон афӕдзы бон

ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады радзырдтой, куыд банысан кӕндзысты республикӕйы Хӕдбардзинады банымады 11-ӕм афӕдзы бон, уый тыххӕй фехъусын кодта уагдоны пресс-секретарь Элла Авагимова.

Хӕдбардзинад расидыны бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улӕфты бон ӕмӕ велозгъорд: куыд банысан кӕндзӕн Хуссар Ир Хӕдбардзинад расидыны бон

Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты Цхинвалы ПККЗ "Чермен"-ы 26 августы 12.00 сахатыл ацӕудзӕн республикйы ӕхсӕнады минӕвӕртты бӕрӕгбонон ӕмбырд, кӕцы нывонд уыдзӕн Хӕдбардзинады банымады бонӕн. Фӕстӕдӕр Цъунары хъӕуы 13.00 сахатыл ацӕудзӕн стыр этнографион бӕрӕгбон "Фыдӕлты бындур". Бӕрӕгбон балхынцъ уыдзӕн корцертӕй "Песни, рожденные Свободой" 18.00 сахатыл горӕты стадионы ӕмӕ фейерверкӕй.

"Афтӕ ма Хӕдбардзинады банымады бон банысан кӕндзысты республикӕйы районты дӕр. Ленингоры районон центры 25 августы ацӕудзӕн концерт ирон эстрадӕйы стъалыты хайадистӕйУымӕй дарддӕр 22 ӕмӕ 23 августы ацӕудзысты районты зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон къордты хыгъдон ралӕудтӕ Ленингоры поселок ӕмӕ Цъинагары хъӕуы. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ацӕудзысты Знауыр ӕмӕ Цхинвалы районы дӕр", - банысан кодтой культурӕйы министрады.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0