Мæ бон цы уыд, уый сарæзтон: Козаты Асланбег фембылд тох АИШ-ы

© Allboxing.ruКозаты Асланбег æмæ хуссарафрикæйаг Крис Ван Хеердены тох
Козаты Асланбег æмæ хуссарафрикæйаг Крис Ван Хеердены тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен йæ фарсхæцджытæй хатыртæ ракуырдта, кæй фембылд ис, уый тыххæй

ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik, Козаты Диана. Ирон боксер-профессионал Козаты Асланбег фембылд хуссарафрикæйаг Крис Ван Хеерденæн. Тох уагъд цыд хуыцаубоны боксы изæры фæлгæтты Лос-Анжелесы (АИШ).

"Тох рауад тынг уæззау, дыууæ боксер дæр райстой цæсгомы цæфтæ, æмæ кæронбæттæны тæрхонгæнджытæ уæлахиз радтой Ван Хеерденæн 79-73, 79-73, 78-74 хыгъдæй. Уый у Козаты Асланбеджы æртыккаг фембылд йæ профессионалон карерьæйы", - фыссы allboxing.ru.

Боксер йæхæдæг Instagram-ы йæ фарсыл хатыртæ ракуырдта йæ фарсхæцджытæй æмæ банысан кодта, кæй сарæзта рингыл, йæ бон цы уыд, уыдон æппæт дæр.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от ASLANBEK (@kozaev_1)

"Зынаргъ хæлæрттæ! Хатыр уæ курын, кæй фембылд дæн, уый тыххæй. Архайдтон, мæ бон цы уыд, уый арæзтон, фæлæ афтæ рауад æмæ фембылд дæн. Фатыр уæ курын, чидæриддæр мæ уæлахизмæ æнхъæлмæ каст. Дарддæр дæр кусдзæн мæхиуыл, тренировкæ кæндзæн æмæ хуыздæр кæндзæн", - загъта боксер.

Хуссарирыстойнаг спортсмен Козаты Асланбег райгуырд 1989 азы. Профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Афæдзы размæ бахъахъхъæдта IBO Intercontinental дунейы чемпионы титул.

Ног хабӕртты лентӕ
0