Ахуырмæ ног дарæсы: амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваАмалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ
Амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дукани "Эрман" -ы дарæсы рæгъты ʻхсæн фондз сабийæн Цхинвал, Дзау æмæ Хуыцъейæ бар ратой сæхицæн скъоламæ равзарын дарæс æнæаргъæй.

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Амалиуæггæнæг, дукани "Эрман"-ы хицау Чабиты Натальяйы хæрзаудæн акци фæлгæтты æххуысхъуаг бинонты фондз сывæллон зонындзинæдты бæрæгбонмæ райстой скъолайон дарæс.

Ивгъуыд аз ахæм акци аххæсыд аст сывæллоныл.

Дыццæджы дукани "Эрманы" дарæсы рæгъты ʻхсæн фондз сабийæн Цхинвал, Дзау æмæ Хуыцъейæ бар ратой сæхицæн скъоламæ равзарын дарæс æнæаргъæй.

"Дыккаг аз аразæм ацы акци, кæд дарддæр дæр кусæм, уæд хæрзаудæн мадзæлттæ дæр цæудзысты, сывæллæтты нымæц та кæндзæн фылдæр ", — загъта дуканийы хицау Чабиты Наталья.

Дыккæгæм къласы ахуырдзау Гаглойты Бибо ныфс дæтты ног дарæсы ахуыры бæрæггæнæнтæ зынгæ фæхуыздæр кæнын.

"Скъола-интернаты ахуыр кæнын, хизын дыккаг къласмæ. Фарон мын нæ уыд скъоламæ костюмтæ, ацы аз ацæудзæн хъæлдзæгæй дæр", - дзуры лæппу.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАмалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ
Ахуырмæ ног дарæсы: амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ

Акци цыд Уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис æмæ сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджыны æмархайдæй.

"Нæ номхыгъды ис æххуысхъуаг бинонтæ, фондз сывæллоны тыхстдæр уавæры чи ис, уыдон бахастам хæзаудæн акцимæ – дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы", - загъта цæдисы хистæр Наталья Жуйкова.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАмалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ
Амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ
© Sputnik / Фатима ПлиеваАмалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ
Амалиуæггæнæг скодта фондз ахуырдзауы скъоламæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Ног хабӕртты лентӕ
0