Хуссар Иры байгом ис цуаны сезон

© Fotolia / RodimovpavelЦуаны сезон
Цуаны сезон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Августы цуан кӕнын ис бар ӕрмӕстдӕр хъӕддаг мӕргъты кӕцыдӕр хуызтыл. Сырдтыл цуаны сезон байгом уыдзӕн фӕззӕджы кӕрӕтты

ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны байгом ис цуаны сезон. Цы сырдтыл ис бар цуан кӕнын, уый тыххӕй Sputnik радзырдта геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сырдтӕ ӕмӕ зайӕгойты хъахъхъӕнынады хайады хистӕр Гӕззаты Юрий.

Сезонон цуан

Хайады хистӕр банысан кодта, иу азы кӕй вӕййы цуаны ӕртӕ сезоны: уалдзӕгон, фӕззӕгон-сӕрдыгон ӕмӕ фӕззӕгон-зымӕгон.

"Ацы фӕззӕгон-сӕрдыгон цуаны сезон райдыдта 1 августы ӕмӕ адаргъ уыдзӕн 1 октябрмӕ. Цуан кӕнын ис бар фӕлтӕхӕг маргъыл, се хсӕн уӕрцц, бабыз ӕмӕ бӕлӕтты цалдӕр хуызы. Ис ма дзы мӕргъты хуызтӕ, кӕцытыл нӕй бар цуан кӕнын: уыдон сты доныхъазы алкӕцы хуыз дӕр, хърихъуппытӕ, кӕсаглас ӕмӕ ӕндӕр ахӕм мӕргътӕ", - загъта Гӕззаты Юрий.

Афтӕ ма уый бахахх кодта, цуан кӕнын кӕй нӕй гӕнӕн кӕцыдӕр тугдзых мӕргътыл: уыдонмӕ хауынц уарийы алкӕцы хуыз дӕр, кӕцытӕй бирӕты бахастой Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон Сырх чиныгмӕ.

Бестауты Бала  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Бала: ацы зӕхх махӕн ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм

Гӕззаты Юрий банысан кодта, хъӕддаг сырдтыл цуан кӕй райдайдзӕн ноябры.

"Сырдтыл цуан кӕнын гӕнӕн ис сыфтӕр куы ркӕлы, уӕд. Цуан кӕнын ис бар ахӕм сырдтыл, куыд бирӕгъ, арс, рувас ӕмӕ зыгъарӕгыл", - загъта уый.

Гӕззаты Юрий бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕткхалджыты фӕивар кӕндзысты 70 мин сомы бӕрц.

Бирӕгътыл цуан

Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстоны тугдзых сырдтыл цуан –сӕйраджыдӕр, бирӕгътыл – ирхӕфсӕн нӕ вӕййы, фӕлӕ ӕмӕнгхъӕугӕ мадзал.

Хъӕууон хӕдзарады ветеринарийы хайады хистӕр Тедеты Ацӕмӕзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕх бирӕгътӕ цуан кӕнынц хӕдзарон фосыл.

"Тугдзых сырдтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ уый фӕдыл хъӕуы райсын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ мадзӕлттӕ, цӕмӕй зиан ма хӕссой хъӕуы цӕрджытӕн. Арӕхдӕр хӕдзарон фосмӕ бабырсынц Знауыр ӕмӕ Дзауы районы", - загъта Тедеты Ацӕмӕз.

Уый ма бафтыдта, фӕззӕджы, цуаны сезоны баконды фӕстӕ кӕй фӕкъаддӕр уыдзӕн тугдзых сырдты нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0