Ныхмӕ фӕлӕууыдысты: Хуссар Иры ӕрцахстой Цӕцӕны ӕхсӕз цӕрӕджы

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæРӕстӕгмӕ дарӕн изолятор
Рӕстӕгмӕ дарӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадон фӕткхалджыты ӕрцахстой Дзауы районон центры. Ӕрурӕды рӕстӕджы уыдон ныхмӕ фӕлӕууыдысты милицийы кусджытӕн, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады

ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Цӕцӕны цӕрджыты ӕхсӕнадон фӕт фехалын ӕмӕ милицийы кусджытӕн ныхмӕлӕуды тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы разамонӕг Бестауты Вида.

"Цӕцӕны ӕмбӕстӕгтӕ ӕрбаздӕхтой барадхъахъхъӕнджыты хъусдард сӕ уагахасты тыххӕй. Сӕ документты басгӕрсты рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕткхалджытӕ ныхмӕ фӕлӕууыдысты милицийы кусджытӕн. Барадхалджыты ӕрцахстой. Сӕрмагонд басгӕрсты рӕстӕджы уыдонӕй дыууӕмӕ ссардтой ӕууилгӕ тамакотӕ снюс ӕмӕ насвай", - радзырдта пресс-службӕйы хистӕр.

Дзауы районы прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг "Барадхъахъхъӕнджытӕн ныхмӕлӕуды тыххӕй" статьямӕ гӕсгӕ. Афтӕ ма барадхалджытӕм зӕрдӕ ӕхсайы республикӕмӕ снюс ӕмӕ насвай ласынмӕ.

Фыдгӕнджыты бакодтой рӕстӕгмӕ дарӕн изолятормӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0