Хуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ

© Пресс-служба Минкультуры РЮОХуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ
Хуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акцитæ æрæзт цæуынц 2008 азæй фæстæмæ ныр 11 азы дæргъы

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Цхинвалы æмæ Знауыры районы ацыд акци "Добра и милосердия", кæцыйы фæлгæтты хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты бабынуæвæг æфсæддонты ныййарджытимæ, фехъусын кодта Sputnik культурæйы министр Зассеты Жанна.

© Пресс-служба Минкультуры РЮОХуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ
Хуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ

Акцитæ æрæзт цæуынц 2008 азæй фæстæмæ ныр 11 азы дæргъы.

"Ис нæм сæ хъæбулты чи фесæфта 2008 азы хæсты, уыдон номхыгъдтæ. Акци "Добра и милосердия" райдыдта Цхинвалы æмæ Знауыры районтæй. Бæрнон кусджытæ æмбæлынц саударæг ныййарджытимæ,  аныхас кæнынц семæ æмæ сæ хъæбултæ цы нæ бантыст цæрын, уый уыдонмæ цы бафта, ахæм фæндиæгтæ фæдзурынц ", - загъта Зассеты Жанна.

Фембæлды хайад райстой Уæрæсейы цыппæрæм æфæддон базæйы кусджытæ командиры хæдивæг, дæлбулкъон Раджаб Алиевы сæргълæудæй, уыдон радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ ныййарджытæн.

© Пресс-служба Минкультуры РЮОФембæлды хайад райстой Уæрæсейы цыппæрæм æфæддон базæйы кусджытæ
Хуссар Иры хицауады уæнгтæ æмбæлынц хæсты фæмардуæвджыты ныййарджытимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фембæлды хайад райстой Уæрæсейы цыппæрæм æфæддон базæйы кусджытæ

Акцийы дыккаг этапы та хицауады уæнгтæ фембæлдзысты хæсты фæмардуæвджыты бинонтæимæ Дзауы æмæ Ленингоры районтæй, стæй та Цхинвалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0