ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ног ахуырадон азы Хуссар Ирыстоны скъолаты фыццаг къласмӕ бацӕудзӕн 701 ахуыргӕнинаджы, банысан кодта пресс-конференцийыл паддзахадон информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты республикӕйы ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса.
"Фарон махмӕ уыд 771 фыццагкъласоны. Ацы аз нырма сты цъусдӕр, фӕлӕ уыдон сты развӕлгъау цифрӕтӕ ӕмӕ нырма гӕнӕн ис фӕфылдӕр уой", - загъта Гаглойты Элиса.
Ахуырадон аз 2019 азы, куыд фарон, афтӕ райдайдзӕн 5 сентябры Бесланы трагедийы амӕттӕгты мысӕны тыххӕй.
"Мах аскъуыддзаг кодтам ахӕссын ахуырадон азы райдайӕн фарон президенты хъӕппӕрисӕй ӕмӕ йӕ хъуыд саразын рагӕй. Мах стӕм иу адӕм, ис нын иу истори, ӕмӕ ацы трагеди фӕриссын кодта махӕн алкӕмӕндӕр нӕ зӕрдӕтӕ", - радзырдта Гаглойты Элиса.
Уый ма бафтыдта, ахуырады фадыджы кусджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хайад кӕй райсдзысты националон Фыдохы боны 3 сентябры.
Беслӕны теракт ӕрцыд 2004 азы 1 сентябры райсом, бӕрӕгбонон линейкӕйы рӕстӕджы. Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны. Фӕмард ма дзы 10 сӕрмагонд службӕйы кусджытӕ, дыууӕ УУМ-ы ӕмӕ милицийы 15 кусӕджы. Фӕцӕф сты 810 амынӕты, сӕрмагонд службӕты ӕмӕ милицийы кусджытӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.