ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕргълӕууӕгӕй снысан кодтой уагдоны министры хӕдивӕг Цоциты Азӕмӕты, цыппӕрӕмы йӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолий базонгӕ кодта коллективӕн.
"Ӕз аскъуыддзаг кодтон снысан кӕнын Цоциты Азӕмӕты уӕлвӕткон уавӕрты министрӕй. Ӕмбӕлгӕ барамынд бафыстӕуыд", - загъта президент уагдоны кусджытӕн.
УУМ ног разамонӕг загъта бузныг президентӕн ӕууӕнчы тыххӕй. Уый фидарӕй загъта, алцыдӕр кӕй сараздзӕн службӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн ӕмӕ коллектив ӕрбаиу кӕнынӕн.
"Министры хӕдивӕджы бынаты ӕз мӕ цӕст дардтон УУМ куысты иу здӕхтмӕ. Ныр та мын уыдзӕн фылдӕр фадӕттӕ", - загъта уый.
Хуссар Ирыстоны УУМ раздӕры сӕргълӕууӕг Тадтаты Аланы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй, республикӕйы парламентмӕ йӕ кӕй равзӕрстой, уый тыххӕй. Уагдоны разамонӕджы хӕстӕ ныры онг ӕххӕст кодта министры фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз.
Цоциты Азӕмӕт райдыдта кусын 1987 азы Цхинвалы аварийон-ирвӕзынгӕнӕн службӕйы, уый фӕстӕ та зынгсирвӕзтты ныхмӕ паддзахадон службӕйы. Цоциты Азӕмӕт куыста зынгфӕдисонӕй, уый фӕстӕ та хайады хистӕр, инспектор ӕмӕ хистӕр инспекторӕй. Фӕстӕдӕр ӕй снысан кодтой министры хӕдивӕгӕй зынгсирвӕзтты ӕдасдзинад ӕмӕ граждайнаг хъахъхъӕнынады фадыджы.