Цхинвалы хæрзарæзт цæуынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы хæрзарæзт цæуынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ
Цхинвалы хæрзарæзт цæуынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коммуникацитæ ногæй ауагътой, æнæзаконон арæзтæдтæ систой æмæ кусджытæ бавнæлдтой хæрзарæзтадмæ

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Столицæйы хуссарфарс микрорайон "Массив"-ы хæрзæрæзт цæуынц бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ. Sputnik Цхинвалы мэрийы пресс-секретарь Коцты Зарина куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты администрацийы дæлбар цалцæггæнæн-арæзтадон управленийы тыхтæй азы кæронмæ микрорайон æрцæудзæн хæрзарæзт.

Театралон фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аразджытӕ ногӕй бавнӕлдтой фонтаны арӕзтадмӕ Цхинвалы: сӕ куыст сын басгӕрста премьер

Мамсыраты Хадзы-Умары уынг æрæзт æрцыд 2015 азы Цæгат Ирыстоны уæды сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы хæрдзтæй. Уæд асфальт скодтой фæндаг, фæлæ кæртытæ баззадысты æнæхъусдард. Кæцыдæр корпустæ сæхи хæрдзтæй сарæзтой сæ бахизæнтæ.

"Коммуникацитæ ногæй ауагътой, æнæзаконон арæзтæдтæ систой æмæ бавнæлдтой хæрзарæзтадмæ. Азы кæронмæ горæты ацы хайы æппæт кæртытæ дæр уыдзысты хæрзарæзт", - радзырдта пресс-секретарь.

Уый ма банысан кодта, куыстытæ кæй æххæст кæны горæты администрацийы дæлбар цалцæггæнæн-арæзтадон управлени.

Ног хабӕртты лентӕ
0