Хуссар Иры Ӕдасдзинады совет ӕруынаффӕ кодта Гуырдзыстонимӕ арӕнмӕ цӕстдардыл

© Пресс-служба президента РЮОӔдасдзинады советы рабадт
Ӕдасдзинады советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдасдзинады советы уӕнгтӕ ма ӕрдзырдтой арӕны сӕртыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон кусджыты хизыны фарст ӕрнывыл кӕныныл

ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта Ӕдасдзинады советы рабадт. Рабадты рӕстӕджы дзырд цыд организацион фарстытыл, ӕнӕ кӕцытӕй нӕй гӕнӕн аскъуыддзаг кӕнӕн республикӕйы  ӕдасдзинады фарстытӕ, банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарб Гасситы Дина.

"Дзырд сӕйраджыдӕр цырд арӕнгӕрон цӕстдардыл. Мах хъӕуы ахъуыды кӕнын, райсын скъыддзӕгтӕ ӕмӕ рекомендацитӕ Хуссар Ирыстоны хицауадӕн", - загъта президент мадзалы райдайӕны.

© Пресс-служба президента РЮОӔдасдзинады советы рабадт
Хуссар Иры Ӕдасдзинады совет ӕруынаффӕ кодта Гуырдзыстонимӕ арӕнмӕ цӕстдардыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕдасдзинады советы рабадт

Ӕдасдзинады советы уӕнгтӕ ма ӕрдзырдтой арӕны сӕртыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон кусджыты хизыны фарст ӕрнывыл кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0