Мæ царды хуыздæр бон: Кокойты Тимур 26 августы тыххæй

© Sputnik / Ревмира АлбороваТимур Кокойты
Тимур Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад банымайыны бон - 26 август - æз нымайын мæ царды хуыздæр боныл, банысан кодта Sputnik йæ мысинæгты Цхинвалы цæрæг, таможнæйы комитеты раздæры кусæг Кокойты Тимур.

2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта Уæрæсейы Федераци. Президент Дмитрий Медведевы рахæсгæ уынаффæ хæстфæллад Хуссар Ирыстонæн ссис æцæг бæрæгбон, цины цæссыгтæ нæ урæдтой нæлгоймæгтæ дæр. "Сæххæст ис ирон адæмы æнусон бæллиц", - фыстой ДИФ.

Йæ мысинæгтæ радзырдта Цхинвалы цæрæг, таможнæйы комитеты уæды кусæг Кокойты Тимур дæр.

"Ныхæстæй мæ бон нæу радæттын, 11 азы размæ цы циндзинад банкъардтам, уый – цины хабар æрбайхъуыст, бынтон куынæгмæ ма нæ цалдæр сахат куы хъуыд, уымæй цалдæр боны фæстæдæр, пырх Цхинвалы фоныл", - радзырдта уый.

Лæппу 2008 азы 26 август хоны йæ цары хуыздæр бон.

Август 2008, куыд райдыдта хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Август 2008. Афтæ райдыдта хӕст

"Уыцы бон æртæ сахатыл æххуыс кодтон ме ʻмгарæн шифер ласынæн, кæцыйæн йæ хæдзары агъуыст уыд хæсты хъыгдард. Телевизор уыд иу, фæлæ генераторы куыстæй хорз нæ хъуыст Дмитрий Медведевы раныхас æмæ уайтагъд нæ бамбæрстон ацы цины хабар, фæлæ йæ фæлхатт кодтой каналтæ, лидзæг рæнхъытæ", – мысы уæды цаутæ Тимур.

Цинæй ссыра стæм

11 азы размæ 26 августы Цхинвалмæ хæсты лигъдонтæ иууыл не ʻрыздæхтысты - горæты бирæ адæм нæ уыд, фæлæ сударæг горæты цæрджытæ ныр та куыдтой фыр цинæй, уынгты хъуыст æхсты хъæр - ныр та уый хъусын кодта уæлахизы хабар.

Концерт Мелодия души Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд концерт республикӕйы хӕдбардзинады банымады афӕдзы боны цытӕн

"Мах æцæг ссыра стæм. Бауырнæд уæ, эмоцитæ уыдысты цыма ферра дæн, уый хуызæн. Ӕндæр хуызы мæ бон бамбарын кæнын нæу мæ архайд: мæхимæ уыд, куыстæй мын цы автомат радтой уый, æхсын райдыдтон уæлдæфмæ, фæзуаты онг ссыдтæн æмæ уым адарддæр кодтон. Нырма адæм иууыл хабар нæ зыдтой æмæ æз бирæты фæтæрсын кодтон мæ митæй. Нырма дæр худинаг кæнын мæ архайдæй", – радзырдта уый.

Нæмыг нæ никуыуал бахъæудзæн

Тимуры ныхæстæм гæсгæ, фæзуат райдыдта едзаг кæнын хæдтулгæтæ æмæ тырысатæй, уæлдæфмæ æхст уыд массон.

"Мах не ʻппæт дæр бахардз кодтам нæ нæмгуытæ - афтæ мæм каст, уыдон мах никуыуал бахъæудзысты", - загъта уый.

Ӕнустæм бузныг стæм Уæрæсейæ

Лæппуйæн августæй æрмæст цины мысинæгтæ нæ баззад. Уый уыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты рæнхъыты, кæцытæ архайдтой Цхинвалмæ бырсæг Гуырдзыйы хотыхджындæр æмæ нымæцмæ гæсгæ фылдæр тыхты ныхмæ.

Валиев Гайоз Ильич - автор и составитель книги Большая трагедия маленького народа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хæсты тыххæй чиныджы автор балæвар кодта Sputnik цалдæр экземпляры

"Ӕстæм августы мах рацыдыстæм нæ позицитæй æмæ апарахат стæм горæты. Октябры уынджы кæрон мæ ныккæндæй схизгæ сабыр цæрджытæ фарстой уавæры тыххæй. Æз сæ куы бафæдзæхстон, Гуырдзы горæты кæй сты æмæ сæ кæй хъæуы æмбæхсын, уæд мыл нæ баууæндыдысты, ахъуыды кодтой - паникер. Ӕз уыдтæн тасы - мæ разы уыдысты сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сабитæ, 100-200 метры дæртдзæф та Хъайтарты уынгыл цыд Гуырдзыйы техникæ æмæ æфсад", – мысы Тимур.

Фæстæдæр Хуссар Ирмæ æххуысмæ фæзындзысты уæрæсейаг æфсæддонтæ. Уыдон æрцыдимæ кæрон скодтой Хуссар Иры фондзбонон хæстæн. Хæстфæллад республикæйы æрфысым сабырдзинад, уый фæстæ та æрцыд банымады циндзинад.

"Цалдæр боны фæстæ, сабиты царды тас раивта, адæмы æнусон бæллиц кæй сæххæст ис, уый фæдыл циндзинад. Уый никуы ферох уыдзæн, никæд. Мах та æнустæм бузныг уыдзыстæм ацы Боны тыххæй Уæрæсейæ", - балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0