Уӕрӕсейы минӕвар радзырдта, Хуссар Иримӕ ӕмгуыстад кӕй фидар кӕны

© Sputnik / Наталья АйриянМарат Кулахметов
Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымайыны 11-ӕм афӕдзы боны размӕ Sputnik пресс-центры республикӕйы хицауады сӕрдар, уӕрӕсейаг минӕвар ӕмӕ президент ӕххӕстбарджын минӕвар фембӕлдысты журналисттимӕ

ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ аххӕссыдысты алкӕцы фадыгыл дӕр космос, сабыр атом ӕмӕ деджызӕй дарддӕр, загъта Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.

Sputnik агентады майрӕмбоны ацыд пресс-конференци, цы ран хайад райстой республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт ӕмӕ уӕрӕсейаг минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов. Уазджытӕ радзырдтой, куыд райтынг сты Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ахастытӕ, уый тыххӕй, афтӕ ма загъта сӕ хъуыды Фӕскавказы процессты тыххӕй.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн бафыстӕуыд сӕдӕ документӕй фылдӕр, кӕцытӕ аххӕссыдысты нӕ ӕмархайды алкӕцы фадыгыл дӕр. Бадзырд, кӕцы бафыстой 2015 азы, схизын кодта нӕ ахастытӕ уӕлдӕр ӕмвӕзадмӕ. Нӕ ӕмгуыстад райтынг ис алкӕцы здӕхты дӕр. Ӕз алыхатт дӕр дзурын, ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ аххӕссыдысты алкӕцы фадыгыл дӕр космос, сабыр атом ӕмӕ деджызӕй дарддӕр", - загъта Марат Кулахметов.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурӕт, Пухаты Эрик, Марат Кулахметов
Уӕрӕсейы минӕвар радзырдта, Хуссар Иримӕ ӕмгуыстад кӕй фидар кӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт, Пухаты Эрик, Марат Кулахметов

Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, ӕрвылбон кӕй уыны куыст, кӕцы ӕххӕст кӕны Уӕрӕсе Хуссар Ирыстоны.

"Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы арӕзт цӕуынц медицинон уагдӕттӕ, арӕзт цӕуынц объекттӕ ахуырады фадыджы дӕр. Нӕ цардуагы алкӕцы фадыджы райрӕзт дӕр ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы ӕххуысы руаджы. Афтӕ ма мах кусӕм цалдӕр бадзырдыл, кӕцытӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты нӕ адӕмы цард", - банысан кодта премьер.

Уымӕй дарддӕр ма хицауады сӕрдар банысан кодта чысыл амалиуӕгадӕн финансон ӕххуысы программӕйы ӕнтыстджын реализаци, кӕцыйы фӕлгӕтты ӕрвылаз паддзахадон бюджеты хисӕрмагонд ӕфтиӕгты дыууӕ проценты рахицӕн кӕнынц амалиуӕгадӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0