Ног артисттæ, ног оркестр æмæ геноцидӕн нывонд спектакль: Хуссар Иры театры иу аз "хæдзары"

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы бонты иу аз сæххæст, театры коллектив йæ ног бæстыхаймæ куы бацыд, ууыл

ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр октябрæй райдайдзæн ног æххæст театралон сезон. Сфæлдыстадон коллектив равдисдзæн ирон литературæйы классикон уацмыс, комеди æмæ геноцидæн нывонд спектакль. Ног сезоны театры сценæйыл архайдзысты ног артисттæ, фæзындзæн оркестр. Ног бæстыхайы иу азы куысты хатдзæгты тыххæй Sputnik радзырдтой уагдоны пресс-службæйы.

Хуымæтæг кæсæгæн: ПДТ бавдисдзæн комеди Ӕз ус нæ курын - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕз ус нæ курын": паддзахадон театр хоны ног комедимæ

Иу азы агъоммӕ Хуссар Ирыстоны эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцыд Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Бирæ æзты æнхъæлмæ касты фæстæ республикӕ райста Цӕгат Кавказы рӕсугъддӕр ӕмӕ фадатджындӕр бӕстыхæйттӕй сӕ иу. Коллективӕн фӕзынд ӕппӕт фадӕттӕ дӕр кусынӕн. Йӕ баконды хӕд фӕстӕ бӕстыхай ӕрфысым кодта Хуссар Иры нысаниуӕгджын цаутӕй сӕ иу – X-æм Ӕппӕтирон уанел. Театралон сезон фӕфӕстиат ис, фӕлӕ йæ райдыдтой гуырахстджын премьерӕйӕ. Хетӕгкаты Къостайы ахадгӕдӕр уацмыстӕй иу "Фатимӕ"-мæ гæсгæ. Ивындзинӕтӕ ӕрцыд коллективы дæр – рауӕрӕх ʻрцыд уагдоны административон сконд, театрмӕ снысан кодтой ног директоры – йæ сæргъ слæууыд Арт-галерейы "Allon"-ы хицау Уалыты Мӕдинӕ.

Дыууӕ премьерӕ ӕмӕ балцытӕ

Хуссар Иры театр æвæры спектакль Афхӕрдты Хасана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театр æвæры спектакль "Ӕфхӕрдты Хæсанæ"

"Фатимӕ" сценӕйыл ахъазыд актерон ансамбльты дыууӕ сконд. Уымӕй дарддӕр ма ацӕугӕ театралон сезоны уыд иу премьерӕ – Годжысаты Исахъы пьесӕ "Ӕз ус нӕ курын".

Цыбыр театралон сезоны ма сӕхимæ хъусдард здахынц фӕсарӕйнаг гастрольтӕ ӕмӕ ахадгӕ фестивальты хайадист.

Театры пресс-службӕйы радзыртой, ныридæгæн куыст кæй цæуы зӕронд спектакльтӕн ног цард раттыныл – равдысттӕ рацарӕзт цӕуынц ног сценӕйы домӕнтӕм гӕсгӕ, ивд цӕуынц декорацитӕ.

Национ классикӕ

Театры ныфс дӕттынц, ӕрбалӕугӕ театралон сезон кӕй уыдзӕн ӕххӕст ӕмӕ ахадгӕ.

"Къостайы аз, йӕ рагуырӕн бонмӕ ӕввахс – октябры райдайӕнмӕ, театралон сезон ногӕй бакӕндзыстӕм "Фатимӕ"-йæ. Уый фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм национ классикӕйы уацмысмӕ - Къубалты Александры поэмӕйы мотивтӕм гӕсгӕ Мамсыраты Дӕбейы пьесӕ "Ӕфхæрдты Хæсана"-мӕ,- загътой пресс-службæйы.

Ирон классикон литературæйы уацмыс сæвæрыны бæрн йæхимæ райста цæгатирыстойнаг режиссер, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Бекъойты Роза.

Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады æрдзырдтой Къостайы аз бацæттæ кæныныл

Пьесӕ сæрмагондæй раивтой уырыссаг æвзагмæ. "Ӕфхæрдты Хæсанӕ" фæстаг хатт театры сценæйы уыд раст æртын азы размæ Джуссойты Хасаны æвæрдæй, уæд дзы сæйраг фæлгонцтæ сæххæст кодтой адæмон артисткӕ Гугкаты Эвелина æмæ Кокойты Мелс, кæцы ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты трагикон æгъдауæй фæмард ис гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.

"Нæ сценæйыл ногæй уыдзæн национ классикӕ. Диссаджы сконд - Бекъойты Роза у фидар классикон академион режиссерон скъолайы минæвар, зынгæ нывгæнæг Челæхсаты Магрез у сценограф – уый бавдыста йæ куыст тетралогийы хуызы – цыппар куысты иу кæны сюжет, уымæ гæсгæ арæзт цæуынц декорацитæ", - бафтыдтой театры.

Уым ма банысан кодтой, ныр дæр та спектаклы кӕй архайы ирон къорд - Тадтаты Фатимæ, Куымæридтаты Батрадз, Гаглойты Артур, Мамиты Григорий æмæ æндæртæ.

"Сæтти æмæ Бæтти"-йы ног цард

Национ классикæйæ дарддæр ма сценæйыл фæзындзæн кассайон спектакль – хъæлдзæг комеди.

"Дзудцаты Тамерлан бахъавыд сног кæнын уарзон комеди "Сæтти æмæ Бæтти", кæцы уыд нæ театры репертуары. Ам цæхæр калдзысты адæмон артисттæ Хаситы Вильгельм æмæ Уанеты Ӕхсар, стæй ма сæ фырттæ, сгуыхт артисттæ – Хаситы Сослан æмæ Уанеты Эдуард. Афтӕ ма сгуыхт артисткӕтæ Джиоты Альма, Дыгъуызты Жанна. Комеди рацæудзæн октябры", - загътой уагдоны.

Ног фæлтæр æмæ оркестр

Ног спектаклæй дарддæр ма сфæлдыстадон коллективы ʻрцыд ахадгæ ивындзинæдтæ - бирæ æзты фæстæ сценæйæ зæлдзысты удæгас аивзæлтæ.

Бекъойты Зæринæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Зæринæ: ирон кæсæг алыхатт дæр ӕнхъӕлмӕ кӕсы комедимӕ

"Комеди "Сæтти æмæ Бæтти"-йы сценæйыл театры ног оркестр сæххæст кæндзæн Гæздæнты Булаты музыкæ", - бафтыдтой пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры труппæ баххæст ис дыууæ æвзонг артистæй – Гаглойты Эдуард æмæ ЦИПУ актерон факультеты рауагъдон Уалыты Георгийӕ. Уый æрæджы Цæгат Иры фæсивæдон тетары сконды уыд Цхинвалы, хъазыд спектакль "Ромео и Джульетта"-йы.

Ирон адæмы геноциды 100 азмæ

Рбалæугæ азы ирон адæмы геноцидыл 1920 азы æххæст кæны 100 азы. Мысæн мадзæлтты нывæзтыл ныр дæр цæуы ныхас. Цæттæгæнæн куыст цæуы театры дæр. Фыссæг æмæ журналист Остъаты Алан ныффыста уацмыс цаутыл.

"Ис авторон æрмæг, йæ кусæгон ном "Фæстаг æвдисæн". Автор Остъаты Алан æмæ режиссер Дзудцаты Тамерлан нырма иу хъуыдымæ не ʻрцыдысты. Се ʻхсæн цæуы баныхастæ. Ацы спектакль афтæ ахсджиаг у, æмæ йӕ чизоны уынаффæмæ рахæсой театры сфæлдыстадон советмæ", - балхынцъ кодтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0