Хуссар Иры коммуналон службӕтӕ цалцӕг кӕнынц Чъимасы хъӕумӕ фӕндаг

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры коммуналон службӕтӕ цалцӕг кӕнынц Чъимасы хъӕумӕ фӕндаг
Хуссар Иры коммуналон службӕтӕ цалцӕг кӕнынц Чъимасы хъӕумӕ фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Дзауы районы фӕндаджы дӕргъ у цыппар километрмӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 27 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы бавнӕлдтой фӕндаджы цалцӕгмӕ, кӕцы иу кӕны хъӕутӕ Хуыцъе ӕмӕ Чъимас, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) сӕрдар Цхуырбаты Тамерлан.

Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер бабӕрӕг кодта Дзау ӕмӕ Къуаисайы объектты арӕзтад

Уый банысан кодта, фӕндаг кӕй сраст кӕндзысты ӕмӕ дзы кӕй ныккалдзысты хуыр.

"Фӕндаг рагӕй хъуыд сцалцӕг кӕнын, ӕмӕ йӕ бынӕттон администраци бахаста азы нывӕзтмӕ. Дыууӕ ӕмӕ ӕрдӕг километры мах ныридӕгӕн сцалцӕг кодтам. Иу километрӕй фылдӕрыл ма нӕ хъӕуы бакусын", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.

Уый ма банысан кодта, хорз боныгъӕд куы уа, уӕд куыстытӕ кӕй балхынцъ кӕндзысты дыууӕ къуыримӕ.

Районы ЦКХ сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фӕндагыл куыстыты фӕстӕ коммуналон службӕтӕ райдайдзысты цалцӕг кӕнын хид Цъоны хъӕуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0