Петербурджы 40 мин адӕймаджы Гергиты Валерийы къухдариуӕгадӕй азардзысты УФ гимн

© Sputnik / Анатолий Медведь /  Ахизын медиабанкмæ"Газпром-Арена"
Газпром-Арена - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырахстджын мадзал нывонд у Уӕрӕсейы Федерацийы паддзахадон гимныл 75 азы сӕххӕстӕн

ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik. Санкт-Петербурджы стадион "Газпром Арена"-йы 1 сентябры 40 мин адӕймаджы ӕмӕ аст минӕй фылдӕр адӕймагӕй конд симфоникон оркестр маэстро Гергиты Валерийы къухдариуӕгадӕй сӕххӕст кӕндзыты Уӕрӕсейы кады зарӕг, хъусын кӕны РИА Новости.

Гергиты Валерий райста Уæрæсейы культурæйы министрады уæлдæр хорзæх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий райста Уæрæсейы культурæйы министрады уæлдæр хорзæх
 

Гуырахстджын мадзал нывонд у Уӕрӕсейы Федерацийы паддзахадон гимныл 75 азы сӕххӕстӕн.

"1 сентябры Санкт-Петербурджы стадион "Газпром Арена"-йы ацӕудзӕн ӕппӕтнацион акци, кӕцы у нывонд бӕстӕйы сӕйраг геральдион нысӕнттӕй иуы юбилейӕн. 75-азон юбилей - иттӕг хорз ӕфсон, цӕмӕй ӕрлӕууын кӕнӕм нӕ бӕстӕйы цӕрджыты зӕрдыл ацы националон фӕллойы нысаниуӕг", - радзырдтой акцийы организатортӕ.

Мадзалы хайад райсынмӕ ӕрцӕудзысты оркестрты минӕвӕрттӕ Уӕрӕсейы 85 регионӕй.

Акцийы аразджытӕ ма бадӕттой куырдиат Гиннесы рекордты чиныгмӕ категори "Иууыл стырдӕр оркестр"-мӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0