Арт ӕрбацыд Гуырдзыстонӕй: Хуссар Иры УУМ радзырдтой зынгсирвӕзтты уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры УУМ радзырдтой зынгсирвӕзтты уавӕры тыххӕй
Хуссар Иры УУМ радзырдтой зынгсирвӕзтты уавӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радзырдтой зынгсирвӕзтты тыххӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты ивгъуыд къуыри

ЦХИНВАЛ, 28 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ аиуварс кодтой 37 зынгсирвӕзты ивгъуыд къуыри, фехъусын кодта Sputnik радгӕсон сменӕйы хистӕры ӕххуысгӕнӕг Хъодалаты Руслан.

Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт Ленингоры районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт Ленингоры районы

"Зынгсирвӕзтты фылдӕр хай тӕссаг нӕ уыдысты – сыгъдис хус кӕрдӕг", - радзырдта уый.

Хъодалаты Руслан банысан кодта, иууыл егъаудӕр зынгсирвӕзт ивгъуыд къуыри кӕй ӕрцыд Цхинвалы районы, фӕлӕ зынгфӕдисон бригадӕйӕн бантыст уайтагъд ахуыссын кӕнын арт.

"Адзысӕры хъӕуы ӕрцыд зынгсирвӕзт. Артдзӕст уыд хӕстӕг паддзахады территорийыл ӕмӕ уырдыгӕй ӕрбаххӕссыд нӕ территоримӕ", - банысан кодта Хъодалаты Руслан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны зынгсирвӕзтты фылдӕр хай ӕрцӕуы улӕфт бонты, сӕ аххосаг та вӕййы адӕймагон фактор.

"Зынгсирвӕзтты аххосаг вӕйы ӕнарӕхстджын архайд артимӕ, афтӕ ма дзы вӕййы барӕй зынгӕфтыд дӕр", - бахахх кодта УУМ кусӕг.

Уӕлвӕткон уагдоны ӕрсидтысты ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной ӕдасдзинады фӕтктӕ артимӕ архайгӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0