Фидар кӕнынц бастдзинад: Хуссар Иры вице-премьер фембӕлд Сирийы бизнесментимӕ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæДамаск
Дамаск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад исынц Дамаскы 61-ӕм ӕхсӕнадӕмон армукъайы

ЦХИНВАЛ, 28 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хицауады сӕрдары хӕдивӕг Бекъойты Геннадийы сӕргълӕудӕй фембӕлд Сирийы экономикӕ ӕмӕ ӕддагон базарады министры хӕдивӕг Халед Або Факеримӕ, афтӕ ма сириаг компаниты разамонджытимӕ.

Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварады сарæзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварадты сырæзтыл

Фембӕлд ацыд Дамаскы 61-ӕм ӕхсӕнадӕмон армукъайы баконды размӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара.

Фарсытӕ ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы хсӕн базарадон-экономикон ӕмгуыстадыл IT-технологитӕ, базайрӕгты ӕрбаласт ӕмӕ хоскӕнӕн препаратты арӕзтады фадыджы.

Амæйразмӕ сарӕзтӕуыд ӕхсӕнхицауадон къамис дыууӕ бӕстӕйы хсӕн базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл.

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры вице-премьер фембӕлд Сирийы бизнесментимӕ
Фидар кӕнынц бастдзинад: Хуссар Иры вице-премьер фембӕлд Сирийы бизнесментимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры вице-премьер фембӕлд Сирийы бизнесментимӕ

"Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Сирийы хицауадтӕ сарӕзтой къамистӕ, уыдон цӕттӕ сты ӕххӕст кӕнын дыууӕварсон ӕмгуыстады хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ скъуыддзаг кӕнын зындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фӕзынынц дыууӕ республикӕйы хсӕн бадзырдты реализацийы рӕстӕджы", - загъта Бекъойты Геннадий.

Уый бафтыдта, азы кӕрӕттӕм кӕй нывӕндынц ауадзын ӕхсӕнхицауадон къамисы фыццаг рабадт.

Ног хабӕртты лентӕ
0