Сыгъзæрин æмæ æвзист: Хуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы

© Фото из архива тренера М. ДжиоеваХуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы
Хуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмхæццæ къайон ерысты рамбылдта Тедеты Иосиф, дыккаг бынатыл та ацыд Куыдзеты Игорь

ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон турниры финалы Абхазы. Ӕмхæццæ къайон ерысты тыхджындæр уыд Тедеты Иосиф, Куыдзеты Игорь та ацыд дыккаг бынатыл, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Фæндзай теннисисты сæ тыхтæ бавзæрстой æхсæнадæмон турниры Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгаткавказаг теннисисттæ сæ тыхтæ бавзæрстой турниры Цхинвалы

Ерыстæ нывонд уыдысты æфсымæрон республикæйы стъолы теннисы фыццаг президент Омар Кварчияйы рухс номæн. Турниры архайта 30 спортсменæй фылдæр.

"Ӕмхæццæ къайон ерысты нæ спортсментæ уыдысты абхазаг теннисисттимæ. Сыгъзæрин майданыл тох уыд Тедеты Иосиф æмæ йæ абхазаг коллега Харчава Ринатæн Куыдзеты Игорь æмæ Давитая Лашаимæ. Ацы фембæлды тыхджындæр уыд фыццаг къорд. Нæ спортсментæ райстой сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ", - загъта Джиоты Мириан.

Уый ма федерацийы номæй бузныджы ныхæстæ загъта президент Бибылты Анатолийæн ерыстæм ацæуынæн финансон æххуысы тыххæй

Абхазы республикæйы стъолы теннисы фыццаг президент Омар Кварчияйы номарæн турнир цыд 22-24 августы, ерыстæ уыдысты, нымадмæ гæсгæ, дыууадæсæм хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0