Хӕст нӕ уыдзӕн: Хъотайты Мария Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Михаил ХасиевХъотайты Мария
Хъотайты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстон йӕ провокацион архӕйдтытӕй Хуссар Ирыстоны арӕныл фӕнд кӕны иуырдӕм аздахын йӕ цӕрджыты хъусдард мидӕггагон проблемӕтӕй

ЦХИНВАЛ, 30 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Гуырдзыстон нырма дӕр фӕнд кӕны ӕрбаздахын Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы территоритӕ, фӕлӕ раздӕры президент Михаил Саакашвилийы архӕйдтытӕ ничи сфӕлхатт кæндзӕн, фехъусын кодта брифингы Sputnik пресс-центры  информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ: Тбилис фӕнд кӕны расайын гарзджын конфликт

Цалдӕр боны размӕ республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой сӕ объектты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Паддзахадон арӕныл цау ӕрхаста паникӕ сабыр цӕрджыты хсӕн. Конфликты эскалацийы фӕдыл дам-думтӕ фӕзындысты республикӕйы ӕхсӕнады – адӕм дзырдтой сывӕллӕтты эвакуацийы тыххӕй дӕр.

"Хӕст нӕ уыдзӕн – Гуырдзыстон нал бабырсдзӕн Хуссар Ирыстонмӕ. Нӕ арӕнтӕ нын хъахъхъӕнынц Уӕрӕсейы Федерациимӕ бадзырдтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ныхмӕ агресси нымад цӕудзӕн уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты ныхмӕ агрессийыл", - банысан кодта Хъотайты Мария.

Информацион уагдоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, паддзахадон арӕныл провокацийӕ Гуырдзыстоны хицауад кӕй фӕнд кӕны иуырдӕм аздахын йӕ цӕрджыты хъусдард.

Хуссар Иры тыхон структурӕты къорд йӕ цӕст дары арӕнмӕ Цънелисы хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕты къорд райста йӕ хъусдардмӕ арӕн Цънелисы хъӕуы

"Гуырдзыстоны ныртӕккӕ цӕуы тох политикон элитӕты хсӕн. Мидӕггагон проблемӕтӕ сын куы фӕзыны, уӕд хицауад аздахы цӕрджыты хъусдард ӕддагон фарстытӕм", - бафтыдта уый.

Цыппӕрӕмы, 29 августы, ацыд радон, 95-ӕм фембӕлд Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы, цы ран хайад исынц Хуссар Ирыстоны, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма Евроцӕдис ӕмӕ ОБСЕ мисситы цӕстдарджытӕ.

Хуссар Ирыстоны делегаци банхъардта гуырдзиаг фарсӕн, цӕмӕй ӕруромой ӕнӕзаконон арӕзтад ӕмӕ ракӕной гуырдзиаг гарзджын хайӕдтӕ объектӕй, кӕцы ис республикӕйы территорийыл, фӕлӕ гуырдзиаг фарс нӕ райста ацы компромиссон скъуыддзаг. Уавӕрыл ӕрдзурдзысты ИӔАМ форматы фембӕлдыл майрӕмбоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0