ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыны бонмæ Цхинвалы ацыд акци "Бузныг, уæрæсейаг солдат". Скъоладзаутæ сæ нывты равдыстой сæ ахаст уæрæсейаг æфсæддонмæ, кæцы 2008 азы Гуырдзыйы агрессийы тæмæны фæзынд æххуысмæ Хуссар Ирыстонмæ.
Акци ауагъта Хуссар Ирыстоны "Россотрудничество"-йы минæварад, Уæрæсейы æмбæстæгты цæдис, Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæ, Культурæйы министрады æмархайдæй. Органиатортæ скъоладзауты куыстытæ фæстæдæр балæвар кæндзысты æфсæддон базæйæн.
"2008 азы Хуссар Иры хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уæдæй бонæй-бон рæсугъддæр кæны нæ республикæ. Фæнды нæ, цæмæй абон сымах равдисат уæ ахаст нывы хуызы Уæрæсемæ", - загъта йæ раныхасы культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульетта.
Акци цæуы ныр цалдæр азы фæд-фæдыл, ацы хатт дзы архайы 30 скъоладзауы бæрц.
"Уæрæсейаг солдат фæзынд æххуысмæ Хуссар Ирыстонмæ 2008 азы тыхст рæстæджы, уымæн æмæ зыдтой Хуссар Иры хъæуы се ʻххуыс. Чидæртæ дзы фæмард ис, райстой цæфтæ. Тынг бирæ сарæзтой, фæлæ æнæ уæрæсейаг солдаты æххуысæй уыдаид тынг зын. Цы хъуыды кæнут, уый ахæссут гæххæтмæ", - загъта "Россотрудничество"-йы Хуссар Ирыстоны хайады хистæр Сергей Скворцов.
Акцийы кæрон фæсивæд хорзæхджын æрцæудзысты хайадисæджы грамотатæй, райсдзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ.