Ортъеуы хъæу: ног аргъуан æмæ фыццаг скъола

© Sputnik / Фатима ПлиеваОртъеу
Ортъеу  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæуы къуылдымыл ног рæсугъд аргъуан самадтой цалдæр мæймæ Хъахъхъæнынады министрады хæрдзтæй

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы къуылдымыл Хъахъхъæнынады министрады тыхтæй самадтой ног рæсугъд аргъуан. Аив бæстыхай сæвзæрд раздæры Бæлдæрæнты кувæндоны бынаты. Sputnik уацхæссæг бабæрæг кодта ног аргъуаны, азылд хъæуы иннæ фенддаг бынæттыл, аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ.

Ортъеу рагæй фæстæмæ нымад уыд Ирыстоны стырдæр æмæ зындгонддæр хъæутæй иуыл. Нымад уыд Цхинвалы районы рухсады центрыл, цард дзы 22 мыггаджы. Ныр кæддæры нæргæ ком стæнæг ис, хъæу федзæрæг. Сæ райгуырæн уæзæг бирæ бинонтæ кæй ныууагътой, уый æвдисынц кæлæддзаг хæдзæрттæ. Ӕмрæстæджы хъæуы рæзынц ногарæзт бæстыхæйттæ дæр, фæлæ æдзухон цæрджыты нымæц у цъус.

© Sputnik / Фатима ПлиеваОртъеуы хъæу
Ортъеуы хъæу: ног аргъуан æмæ фыццаг скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ортъеуы хъæу

Кувæндон фæлгæсы хъæуы сæрæй, йæ рæбын æрбынат кодта хъæуы уæлмæрд æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цырт. Уымæ æввахс XIX æнусы астæу фæзынд Хуссар Иры скъолатæй иу.

Фыццаг ирон ахуыргæнæг æмæ скъола

Историйы афтæ æрфидар, зæгъгæ, Ирыстоны фыццаг æртæ скъолайы фæзындысты Дзау, Хъорнис æмæ Ортъеуы. Уыдонæй иууыл рагондæрыл нымад цæуы Дзауы скъола, фæлæ уыцы хъуыдыимæ разы не сты ортъеуæгтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Иры фыццаг рухсады центр фæзыд Ортъеуы хъæуы.

"1847 азы Ортъеуы фыццаг скъола бакодта фыццаг ирон ахуыргæнæг Цоциты Тома. Уый уыд бузалайаг хæрæфырт æмæ Ортъеуы фæстæ та бакодта уыдонмæ скъола. Уæды дуджы уыд дыууæ ахуырады центры – дины семинартæ Ӕрыдоны æмæ Тбилисы. Уыдон каст чи фæцис, уый нымад цыд стыр ахуыр лæгыл. Тбилисы семинар каст фæцис Тома дæр", - дзуры хъæуы цæрæг, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гассеты Арон.

Ахуыргæнæг бирæ нæ фæцард, амард æвзонгæй, уый фæстæ йæ раивта сауджын.

"Тома 23 аздзыдæй амард тифæй. Баззад ын фырт æмæ чызг. Уый фæстæ дзы ахуыргæнæгæй куыста сауджын, фæстæдæр зынгæ революционер Плиты Арон, цалынмæ йæ 37-æм азы нæ фесæфтой, уæдмæ. Скъола уыд кувæндонæй бындæр. Абон йæ фæд дæр нал ис, кæддæр дзы фæскомцæдисонтæн уыд æмбырд, уыдон зынг ныууагътой сæ фæстæ æмæ уымæй ссыгъд", - мысы Арон.

Рагон таурæгъ æмæ кувæндон

Хъæуы цæрджытæ нырма сæ зæрдыл дарынц ацы кувæндоны фæзынды истори. Сæ ныхæстæм гæсæгæ, сыгъдæг бынат дзуарæн равзæрстой цъиуты амындмæ гæсгæ.

"Нæ фыдæлтæ ацы Рухс кувæндон самайын хъавыдысты Хæмæтты къуылдымыл. Уым ныссагътой бызатæ, æрхастой бæмбæджытæ. Фæлæ уыцы рæстæджы зæрватыччытæ ратахтысты æмæ схастой бæмбæджытæ Ортъеуы къуылдыммæ. Æз æй хистæртæй афтæ хъуыды кæнын æмæ арæзт æрцыд 12 æнусты", - дзуры хъæуы къуырыхон цæрæг Гассеты Арон.

Кувæндоны бæстыхай рацыд цымыдисон фæндæгтыл. Баййæфта зæххæнкъуыстытæ, пырхытæ æмæ ног арæзтад.

Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры аразт цæуы дыууæ кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны

"Рухс кувæндоны агъуыст уыд хъуарийæ æмбæрзт æмæ йæ 1964 азы августы Цхуырбаты Петро æмæ Цоциты Арæхмæт æрымысыдысты раивын шиферæй. Бахастой фæндон, цæмæй хъæубæсты адæм æмæ йæ туджы æртах ортъеуаг кæмæн у, уыдон зонгæ кæной адæмы ацы кувæндонимæ, цæмæй комы фарн ма фесæфа", - зæгъы Гассеты Арон.

Ивгъуыд æнусы 90–æм æзты зæххæнкъуысты рæстæджы ортъеуæгтæн сæ кувæндон æрдзы бæллæх зæххимæ сраст кодта.

"Дыккаг зæххæнкъуысты рæстæджы Кувæндон дуры цæнд фестадис. Арæхмæты фырт уæд куыста таможнæйы æмæ уый хæрдзтæй сарæзтам кувæндон. Аргъæутты галуаны хуызæн та фестадис", - дзуры Гассеты Арон.

Хъахъхъæнынады министрады лæвар

Рæстæг куыд цыд афтæ та кувæндон æрцыд мæгуырау уавæрмæ. Йæ саразын бæрн ныр та йæхимæ райста Хъахъхъæнынады министрад.

"Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим у ацы комæй рацæугæ æмæ рагуалдзæджы уый загъта, афтæ кæсæн кæй нал ис кувæндонмæ æмæ бавнæлдтой арæзтадмæ. Амайгæ та йæ скодтой сомихæгтæ. Арæзт æрцыд рæсугъд", - дзуры хъæуы цæрæг.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАргъуан Ортъеуы хъæуы
Ортъеуы хъæу: ног аргъуан æмæ фыццаг скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аргъуан Ортъеуы хъæуы

Аргъуан рацыд аив, бæстыхайы арæзтадæй дарддæр ма самадтой асинтæ дæр, суагътой йæм рухс, йæ схизæны сæвæрдтой æфсæн къулдуæрттæ. Бæстыхайы къултыл ис бирæ уазнывтæ. Министрады дины фарстыты фæдыл уынаффæгæнæг Тыджыты Алан нымайы уазнывты нысаниуæг. Сæ нымæцы Мад Майрæм, Андрей Первозванный, кæцы фыццаг фæзынд ирон адæммæ динимæ зонгæ кæнынмæ, æдыппæтæй дæсæй фылдæр.

"Аргъуан у сыгъдæг Фомайæн нывонд. Ам раг замантæй нысан кодтой Бæлдæрæнтæ, уый вæййы Куадзæны хæдфæстæ хуыцаубоны, уыцы бон рæстдинон æгъдауы у Фомайы бон, уымæ гæсгæ аргъуан дæр хæссы йæ сыгъдæг ном", - дзуры Тыджыты Алан.

Аргъуаны мидæггаг фæлыст баххæст кодтой аив рæсугъд хъæдын дуæрттæй, сцæттæ сæ кодта æрмдæсны Калаты Нариман.

Ног аргъуаны ма арæзт æрцыд алтарон хай, кæцымæ бахизæн ис æрмæстдæр динамонджытæн, фæлæ бынæттонтæ сты сæхи хъуыдыйыл лæуд.

Ног хабӕртты лентӕ
0