Парижы ссардтой Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Анна КабисоваФыдохы мадзӕлттӕ Беслӕны
Фыдохы мадзӕлттӕ Беслӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой амӕттӕгты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, афтӕ ма ӕрымысыдысты Париж (2015 аз) ӕмӕ Ниццайы (2016 аз) теракты амӕттӕгты

ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik. Парижы ацыд Беслӕны теракты амӕттӕгты мысӕн изӕр. Уый размӕ французаг столицӕйы аргъуаны ацыд панихидӕ амӕттӕгты фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.

Беслӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы схорзӕхджын кодтой Беслӕны амынӕтты ирвӕзынгӕнджыты

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой амӕттӕгты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, афтӕ ма ӕрымысыдысты Париж (2015 аз) ӕмӕ Ниццайы (2016 аз) теракты амӕттӕгты.

"Сабыр адӕм ӕмӕ сывӕллӕтты амӕлӕт уыд трагеди ӕппӕт Уӕрӕсе ӕмӕ Европӕйӕн", - загъта Францийы Уӕрӕсейы минӕварады уынафӕггӕнӕг Михаил Савва.

Уый бафтыдта, ӕхсӕнадӕмон терроризмимӕ тох ссис ныры рӕстӕджы иууыл ахсджиагдӕр проблемӕтӕй иу.

"Дунейы бӕстӕтӕ иууылдӕр ӕмбарынц, терроризмимӕ тохы тыххӕй кӕй хъӕуы ӕрбаиу кӕнын ӕппӕт дунейы ӕхсӕнады тыхтӕ", - бахахх кодта уый.

2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0