Парламенты спикер ацыд Синагурмӕ Гуырдзыстонимӕ арӕнмӕ

© Sputnik / Ада БагианПаддзахадон арӕн
Паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер ӕмӕ депутаттӕ республикӕйы арӕнгӕрон службӕимӕ иумӕ фендзысты паддзахадон арӕны бынат

ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент аивта дыууӕ комитеты иумӕйаг рабадт ӕртыццӕджы, цы ран хъуамӕ ӕрныхас кодтаиккой Гуырдзыстонимӕ арӕны уавӕрыл Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы цур.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы квадрокоптеры оператор радзырдта арӕныл цауы тыххӕй – видео

Къуырийӕ фылдӕры размӕ гуырдзиаг полици бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур. Республикӕйы генералон прокуратурӕ ацы цауы фӕдыл бакодта уголовон хъуыддаг.

Парламенты рабадтӕй ӕрдӕг сахат раздӕр журналисттӕн фехъусын кодтой, фембӕлд кӕй ахастой.

"Абон парламенты рабадтыл спикер Тадтаты Алан ӕрывӕрдта фарст Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн ауадзыны фӕдыл Дзауы районы Синагуры хъӕуы. Тадтаты Алан банхъардта депутаттӕм, цӕмӕй ацӕуой уырдӕм Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон службӕйы минӕвӕрттимӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕной Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн паддзахадон арӕн ауадзыны бынат", - загътой закондӕттӕг органы пресс-службӕйы.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зынӕмбарӕн уавӕр: Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстонӕн ногӕй нӕ бантыст баныхас кӕнын

Парламенты нӕ фехъусын кодтой ӕвиппайды балцы аххосӕгты тыххӕй республикӕйы паддзахадон арӕны хайыл.

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта иу къуырийӕ фылдӕры размӕ, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0