Бæрæгбон, дон æмæ фæндаг: цæмæй цæры Чысангом

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦъинагар
Цъинагар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цъинагар æмæ Орчъосанмæ арæзт цæуы фæндаг, хъæутæй иу бацис ног скъолайы хицау, аннæ æнхъæлмæ кæсы ног спортивон залмæ

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ленингоры районы егъау хъæутæ - Цъинагар æмæ Орчъосан - сæмбæлдысты Зонындзинæдты бæрæгбоныл. Чысангоммæ сабитæ æмæ ахуыргæнджытæн раарфæ кæнынмæ фæуазæг ис президент Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЧысангоммæ фæуазæг ис президент Бибылты Анатолий.
Бæрæгбон, дон æмæ фæндаг: цæмæй цæры Чысангом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чысангоммæ фæуазæг ис президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны столицæйæ Ленингоры районы егъаудæр хъæутæ Цъинагар (Ӕмдзæрин) æмæ Орчъосанмæ кæны 60 километры дæрддзæф фæндаг. Громы онг ис асфальт фæндаг, стæй хæдтулгæ ахизы æвзæрвадат фæндæгтæм. Рыджы асæсты ма машинæтæн равзæрæн ис се ʻндæргтæ. Фæлæ егъау цæрæн пункттæ бынтон æнæхъусдард не ʻсты, фæндаг ныридæгæн цæуы арæзт. Ам бæз-бæз кæнынц уæзласæн машинæтæ, хуыры обаутæ, ног хафт фæндаджы уæлцъар, хидты бындуртæ æвдисæн сты ацы комы цæрджытæм дæр амонд кæй бахудт.

"Тынг тыхстыстæм фæндаджы тыххæй, нæ проблемæйы фæдыл бахатыдыстæм хицауадмæ дæр. Ног фæндаг нын нæ цард зынгæ фæхуыздæр кæндзæн", - дзуры хъæуы цæрæг Уасил.

Цъинагар, науæд та Ӕмдзæрин - ахæм ном радтой хъæуæн цалдæр азы размæ сæрмагонд къамис, фæлæ йæ хъæуы цæрджытæ не ʻруарзтой. Сæхи раздæрау хонынц Цъинагар.

"Официалонæй хуыйны Ӕмдзæрин, фæлæ нæ зæрæмæ не ʻрцыд. Ӕнусы райдайæны, колхозтæ куы райдыдтой аразын, уæд ам фæзынд коммуна, къамис Цъинагар банымадта гуырдзийаг ныхасыл æмæ йæ схуыдта коммуна иронау – Ӕмдзæрин", - зæгъы Гусойты Ласкъо.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗонындзинæдты бæрæгбон Цъинагары
Бæрæгбон, дон æмæ фæндаг: цæмæй цæры Чысангом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зонындзинæдты бæрæгбон Цъинагары

Хъæуы тæккæ центры æрæмбырд сты сæйраг административон бæстыхæйттæ, СФХ цырт, арæзт цæуы спортивон зал, йæ фæстаг тыхтæй лæггад кæны дыууæуæладзыгон 50-аздзыд скъола. Ацы аз райстой æртæ фыццагкъласоны. Скъоладзаутæ уæлдай райзæрдæйæ æмбæлынц сæ бæрæгбоныл – фæуазæг сæм ис президент. Паддзахады разамонæг столицæйы скъолаты иувæрсты бацыд уыдонмæ, бахаста сын лæвæрæн телевизор.

"Уæ зæрдæтæ райæт скъоладзауты ахуырæй, уый фæстæ та сын сæ сгуыхтдзинæттæ æмæ æнтыстытæй сæрыстыр ут. Уæ сæйраг хæс у скъола байдзаг кæнын ахуырдзаутæй, дыккаг та хорз ахуыр кæнын. Кæд уæм абон ис æртæ фыццагкъласоны, уæд сæ фидæнмæ та 23–мæ скæнут", - загъта президент йæ раныхасы.

Бибылты Анатолий ма баныфсæвæрдта скъолайы фарсмæ æрдæгарæзт спортивон залы арæзтад дæр балхынцъ кæнын.

Зонындзинæдты бæрæгбоныл Цъинагары сæмбæлд æдæппæтй 54 ахуырдзауы.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦъинагар
Бæрæгбон, дон æмæ фæндаг: цæмæй цæры Чысангом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъинагар

"Цыппар нæм ис рауагъдонтæ, æртæ фыццагкъласонтæ. Æппæт ахуыргæнджытæ дæр нæм ис, иу ахуыргæнæг цæуы горæтæй. Чингуытæй дæр стæм æххæст, ирон чингуытæ райстам бынтон нæуджытæ. Скъолайы бæстыхай 1970 азы скуыста æмæ ныр æрцыд мæгуырау уагмæ, нæй дзы хъармгæнæн система. Фæлæ нын æй иннæ азмæ капиталон ремонтмæ бахастой", - загъта Sputnik скъолайы директор Гусойты Ласкъо.

Цъинагарæй чысыл фалдæр ма ис районы егъаудæр хъæутæй иу – Орчъосан. Дыууæ хъæуы хсæн ис æнæкæрон быдыртæ, кæмдæр цæуынц тыллæгæфснайæн куыстытæ, кæмдæр та хуымгæнæн куыст.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос.
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос.
© Sputnik / Фатима ПлиеваЦъинагар.
Цъинагар - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Цъинагар.
© Sputnik / Фатима ПлиеваУынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос
© Sputnik / Фатима ПлиеваУынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос
1/4
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос.
2/4
Цъинагар.
3/4
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос
4/4
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос

Хъæуы центры 2017 азы самадтой дыууæуæладзыгон скъола. Ам æмрæстæджы уæвынад кæны сабидон дæр, йæ хъомылгæнинæгтæ дæр абон бæрæгбоны линейкæйы раз æрлæууыдысты. Ацы скъола сси президенты балцы радон пункт, уый дæр райста паддзахады разамонæгæй лæвар.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХъæуты цæрджытæ тыхсынц доны цухдзинадæй
Бæрæгбон, дон æмæ фæндаг: цæмæй цæры Чысангом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъæуты цæрджытæ тыхсынц доны цухдзинадæй

Ам ахуырдзауты нымæц у зынгæ къаддæр, æрбаиу сæм ис Абреуы скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Орчъосаны скъолайы ахуырдзинад исынц уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты сабитæ дæр.

"Ӕнхъæлмæ уæм кæсæм республикон олимпиадæтæ æмæ конкурсты", - загъта Ахуырады министр Гасситы Натали.

Линейкæйы ахуырдзауты нымæцы уыдысты ногдзаутæ дæр, уыдон ралæууыдысты бур хъуырбæттæнты.

"Нæ ногдзауты организаци йæ фембæлдты архайы арфдæр сахуыр кæнын Къостайы сфæлдыстад, цæттæ кæнæм мадзæлттæ", - зæгъы  ногдзау Елойты Залина.

Орчъосайнæгтæ ныридæгæн тыхсынц доны цухдзинадæй. Хъæуы ма цæры сæдæ хæдзары бæрц, раздæры дыууæсæдæйæ фылдæрæй.

"Скъола нын кæй сарæзтой, уый тыххæй стыр бузынг стæм, арæзт цæуы ног фæндаг, уый дæр диссаджы хорз хъуыддаг у. Цыппар азы размæ рауагътой дон, фæлæ нын сæрды рæстæджы не ʻххæсы. Нæхи маршруткæ нын радтой æмæ Цхинвалмæ цæуы æдзух, иу рейс та къури цæуы районы центр Ленингормæ", - дзуры хъæуы цæрæг Сохъуырты Анзор.

Орчъосан æмæ Цъинагар нымад цæуынц Хуссар Иры хъæууон хæдзарады фадæджы иууыл размæцыддæр хъæутыл.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос.
Бæрæгбон, дон æмæ фæндаг: цæмæй цæры Чысангом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уынгтыл æмбæлы бирæ хæдзарон фос.
Ног хабӕртты лентӕ
0