00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:33
26 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
В центре событий
09:21
8 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Ирон эфир
13:00
60 Мин
Новости
17:00
3 Мин
В центре событий
17:13
17 Мин
Новости
17:30
2 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:33
26 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Новости
17:00
4 Мин
В центре событий
Песков заявил, что судьба моратория на удары по украинской энергетической структуре зависит от решения президента России Владимира Путина
17:20
9 Мин
Новости
17:30
4 Мин
В центре событий
В Южной Осетии при представительстве Российского исторического общества создан молодежный клуб
17:34
26 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Стратегион бӕрзӕнд. Хуссар Иры ПӔК бамбарын кодта Гуырдзыйы посты сӕрмӕ бӕрзӕнд бацахсыны нысаниуӕг

© Пресс-служба КГБ РЮО Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнгӕрон службӕйы пост
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнгӕрон службӕйы пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппӕрӕмы райсомӕй бӕрзӕнд бацахста хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджыты къорд

ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕйы пост Уисты (Цънелис) хъӕуы цур бӕрзӕндыл сӕвӕрдтой, цӕмӕй ма бауадзой гуырдзиаг тыхон структурӕты райсын сӕ цӕстдардмӕ республикӕйы территорийы хай, фехъусын кодта цыппӕрӕмы ПӔК пресс-службӕйы разамонӕг Биазырты Екатерина.

"Арӕнгӕрон пост стратегион бӕрзӕндыл нӕ бауадздзӕн гуырдзиаг фарсы райсын сӕ цӕстдардмӕ Хуссар Ирыстоны территорийы хай Уисты хъӕуы районы", - загъта пресс-службӕйы разамонӕг.

Хуссарирыстойнаг тыхон структурӕтӕ рахызтысты паддзахадон арӕны хаххмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕрзӕндыл: Хуссарирыстойнаг тыхон структурӕтӕ рахызтысты арӕны хаххмӕ

Цыппӕрӕмы райсом раджы РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнгӕрон службӕйы къорд бавнӕлдта арӕнгӕрон посты арӕзтадмӕ Уисты хъӕуы цур. ПӔК банысан кодтой, пост кӕй ис республикӕйы паддзахадон арӕны хаххыл 944,8 бӕрзӕндыл, кӕцыйӕн ис стратегион нысаниуӕг.

"Посты хӕрзарӕзтад ӕххӕст цӕуы сӕрмагонд гуманитарон операцийы реализацийы фӕлгӕтты, кӕцы здӕхт у арӕнгӕрон режим сфидар кӕнынмӕ, Зануыры районы арӕнгӕрон зонӕйы цӕрджыты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ регионы ӕфсӕддон-политикон уавӕры стабилизацимӕ", - бахахх кодта Биазырты Екатерина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы фӕндагон службӕтӕ бавнӕлдтой фӕндаджы арӕзтадмӕ, цӕмӕй хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджыты пост ӕххӕстаргъ куыст кӕна.

© Sputnik / Виталий ДенисовАрӕзтадон техникӕ Уисты хъӕуы цур бӕрзӕндыл
Стратегион бӕрзӕнд. Хуссар Иры ПӔК бамбарын кодта Гуырдзыйы посты сӕрмӕ бӕрзӕнд бацахсыны нысаниуӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтадон техникӕ Уисты хъӕуы цур бӕрзӕндыл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта иу къуырийӕ фылдӕры размӕ, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0