ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны райсомӕй сӕмбӕлдысты дыууӕ дыууӕ фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйы - Mersedes-Benz ӕмӕ Honda. Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд 8 июны уынг ӕмӕ Димитровы уынджы алвӕндагыл.
Димитровы уынгыл ис дыууӕ ахуыргӕнӕндоны – сабидон ӕмӕ скъола, уый тыххӕй ацы ран алы райсом дӕр вӕййы бирӕ хӕдтулгӕтӕ.
Аварийы фӕстиуӕгӕн фӕндагыл фӕзынд егъау пробкӕ, фӕндагон змӕлдмӕ сӕ цӕст дардтой Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ.
© Sputnik / Диана КозаеваФӕндагон-транспортон цау Цхинвалы
Фӕндагон-транспортон цау Цхинвалы
© Sputnik / Диана Козаева