Хуссар Ир фехъусын кодта Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ир фехъусын кодта Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй
Хуссар Ир фехъусын кодта Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæ сæхгæдта Гуырдзыстонимæ арæныл дыууæ уадзæн пункт. Уыдон сног кæндзысты сæ куыст, уавæр куы æрнывыл уа, уæд, банысан кодтой ПӔК-ы

ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Хуссар Иры разамынад рæстæгмæ æрурæдта Гуырдзыстонимæ арæны сæртыл уадзæн пунктты куыст, фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы хистæр Биазырты Екатерина.

Цънелисаг Этери - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цънелисаг Этери: цæмæй тæрсы гуырдзиаг сылгоймаг Ирыстоны

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы къахдзæф бахъуыд саразын, официалон Тбилис арæны кæцыдæр фадгуыты æндыгъд уавæр кæй аразы, уый тыххæй.

"Хуссар Иры цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн рæстæгмæ æрæхгæдтам хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны сæртыл уадзæн пункттæ "Раздæхæн" æмæ "Синагур"-ы куыст", - загъта ПӔК-ы кусæг.

Уазæн пункт "Переу" кусы хуымæтæг режимы.

Уагдоны ма банысан кодтой, уадзæн пункттæ сæ куыст кæй сног кæндзысты уавæры æрнывылы фæстæ.

Арæныл увæр

Хуссар Иры ПӔК арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ Уисты хъӕуы цур посты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ сӕвӕрдтой ног пост Хуссар Иры арӕны цур

Гуырдзиаг фарс ивгъуыд мæйы бавнæлдта полицæйаг постытæ Хуссар Ирыстоны арæнмæ æввахс территорийыл аразынмæ, Знауыры районы Уисты хъæуы цур. Арæны ацы фадыг йæ хъусдардмæ райста республикæйы тыхон структурæты иумæйаг къорд.

Гуырдзыстоны архæйдтытæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнмæ æввахс ситуаци фендыгъд кæныны фæдыл æвзæрын кæнынц уавæры дестабилизацийы комкоммæ тæссагдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0