Мад Майрæмы уазныв "Авдфатон" æрластой Цхинвалмæ

© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæм "Авдфатон"-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ æртыккаг хатт
Мад Майрæм Авдфатон-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ æртыккаг хатт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уазныв Цхинвалмæ æрхæццæ ис райсомæй, уæдæй нырмæ сыгъдæг хуыз "Авдфатон"-мæ адæмы цыд нæ нымæг кæны

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстонмæ ныр æртыккаг хатт æрластой Хуыцауы Мады сыгъдæг хуыз "Авдфатон" ("Саузæрдæты фæлмæнгæнæг"). Цхинвалы Уæрæсейы рæстдинон аргъуаны сыгъдæг Ӕртæиуоны кувæндонмæ сæумæ райсомæй адæм цæуынц сæхи фæдзæхсынмæ.

Празднование Вербного воскресенья в Московской области - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирмӕ ӕрластой Фырсыгъдæг Мадымайрæмы уазныв Авдфатон Мӕскуыйӕ

Хуыцауы Мады уазныв "Авдфатон" æрластой Цхинвалмæ ныр æрытккаг хатт. Фыццыг сыгъдæг хуыз Хуссар Иры уыд Ӕртæиуоны кувæндоны арæзтадæн бындурæвæрд куы рцыд, уый размæ.

"Ацы хатт уазныв зынтæй æрхæццæ уыдаид Цхинвалмæ, фæлæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий йæхæдæг бацархайдта ацы хъуыддагыл. Мад Майрæм нæм æртыккаг хатт ссардта фæндаг", - загъта динамонæг фыд Сергий.

© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæм "Авдфатон"-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ
Мад Майрæмы уазныв Авдфатон æрластой Цхинвалмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мад Майрæм "Авдфатон"-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ

Уазнывмæ скувæн уыдзæн 10-11 сентябры Цхинвалы, Уæрæсейы рæстдинон аргъуан Ӕртæиуоны. Фæлгонцæй ныр 20 азы бæрц тæдзы сыгъдæг миро. Уый у Уæрæсейы кадджындæр æмæ диссагдæр уазнывтæй иу. Ӕдзух æй хæссынц æндæр æмæ æндæр бынæттæм.

"Хуыцауы Мады уазныв "Авдфатон" у саузæрдæты фæлмæнгæнæг. Абон уый Ирыстонæн нæ фаг кæны. Ирон адæм сты сыгъдæгзæрдæ, фæлæ нын фæлмæндзинад нæ фаг кæны æхсæнады, биноты хсæн, сыхы, хъæубæсты, куысты", - загъта динамонæг.

Уазныв Цхинвалмæ æрхæццæ ис райсомæй, уæдæй нырмæ сыгъдæг хуыз "Авдфатон"-мæ адæмы цыд нæ нымæг кæны.

"Ӕрмæст иу азы размæ райстон аргъуыд, фæлæ уымæй размæ дæр цыдтæн, аргъуанмæ уазнывтæ куы ластой, уæд. Алкæцы зæд æмæ уазнывæн дæр ис йæхи тых æмæ мæ уырны, кæй мын баххуыс кæндзæн мæхицæн æмæ мæ сывæллæттæн", - загъта Цхинвалы цæрæг Лейла.

Уазныв Ирыстоны ис 6 сентябрæй фæстæмæ. Ныры онг уый уыд Цæгат Иры цыппар аргъуаны. Мадзалы организатор, меценат Хъороты Владимир куыд бæрæг кæны, афтæмæй 12 сентябры уырнæг адæм сыгъдæг фæлгонц афæндараст кæндзысты Ирыстонæй.

© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæм "Авдфатон"-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ
Мад Майрæм Авдфатон-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Мад Майрæм "Авдфатон"-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ
© Sputnik / Наталья АйриянМад Майрæм "Авдфатон"-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ
Мад Майрæм Авдфатон-ы уазныв æрластой Цхинвалмæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5

3/5

4/5

5/5

Ног хабӕртты лентӕ
0