Цæгат Ирмӕ ӕрластой Фырсыгъдæг Мадымайрæмы уазныв Авдфатон Мӕскуыйӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæПразднование Вербного воскресенья в Московской области
Празднование Вербного воскресенья в Московской области - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рæстдинонтæ дзурынц, уазнывæн кӕй ис диссаджы тых, уыд ахæм цаутæ, адæмæн-иу сæ уӕззау низтӕ куы фæсырдта. Къуырийы кæронмæ уазнывмæ скувæн уыдзæн Цæгат Ирыстоны аргъуанты.

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Цæгат Ирмӕ ӕрластой Фырсыгъдæг Мадымайрæмы уазныв Авдфатон Мӕскуыйӕ, республикӕйы рæстдинонтæн уазнывмæ кувыны фадат уыдзæн 11 сентябрьмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт ӕрластой сыгъдæг Лукайы буаргъæдтæ

Саузæрдæтæ фæлмæнгæнæг уазныв æрластой Мæскуыйæ Беслæны фыццæгæм скъоламæ, цыран ауагътой теракты амӕттӕгты мысæн скуывдтытæ.

Фырсыгъдæг Мадымайрæмы Авдфатон уазныв цалдӕр азы размӕ бафтыд историк æмæ рæстдинон фыссæг Сергей Фомины къухты. Уазнывы номыл Мæскуыйы арæзт æрцыд сӕрмагонд аргъуан. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уый арæх аласынц Уæрæсейы регионтæм æмæ фæсарæнтæм дæр. Цæгат Ирыстонмæ рæстдинон реликви æрхастой ныр цыппæрæм хатт.

"Ӕз, зæгъæм, зонын 20 сабийы онг, кæцыты ныййарджытæ сывæллонхъæбыс бауæвыны ныфс фесæфтой, фæлæ ацы уазнывмæ скуывдты фæстæ сын рацыд зæнæг", — загъта Сергей Фомин.

Дыццæг æмæ æртыццæджы рӕстдинон адӕмӕн фадат уыдзæн Авдфатон уазнывмӕ скувын Дзæуджыхъæуы аргъуанты. Майрæмбоны та йӕ ахӕсдзысты Ӕрыдонмӕ Уæлахизхæссæг Джиуæрджыийы номыл аргъуанмӕ.

Фырсыгъдæг Мадымайрæмы уазныв Цæгат Ирыстонмæ æрластой меценат Хъораты Владимиры хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг архиепископы арфæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0