Кусын законы фӕлгӕтты: Цхинвалы ӕрдзырдтой нотариалон конторӕты проблемӕтыл

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæНотариус
Нотариус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны юстицийы министр ӕрдзырдта нотариустимӕ кусӕгон моментты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Горӕт ӕмӕ районты нотариалон конторӕты проблемӕтыл ӕрдзырдтой кусӕгон рабадты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕимӕ.

РХИ юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иугонд электронон базӕ: куыд цӕуы Хуссар Иры юстицийы министрады реформӕ

Юстицийы министрад иудадзыг басгары нотариалон конторӕтӕ, фехӕлдты фӕдыл ӕрдзурынц кусӕгон уавӕры, цӕмӕй мауал бауадзой ахӕм рӕдыдтытӕ фидӕны.

Адвокатурӕ, ЗАГС ӕмӕ нотариатмӕ хъусдарды хайады хистӕр Цхуырбаты Лаура радзырдта, ацы аз кӕй ауагътой дыууӕ нывӕзтон басгӕрст – фыццаг нотариалон конторӕйы ӕмӕ дыккаг паддзахадон нотариалон конторӕйы.

"Сӕйраджыдӕр, басгӕрстам нотариалон хъуыддӕгтӕ аразыны фӕтк, реестрты кӕнынад. Куыст алыран дӕр ӕххӕст цӕуы хорз ӕмвӕзадыл. Фыццаг нотариалон конторӕйы вӕййынц вазыгджын категорийы хъуыддӕгтӕ, фӕлӕ семӕ вӕййынц квитанцитӕ иууылдӕр", - загъта хайады хистӕр.

Дыккаг нотариалон конторӕйы ссардтой чысыл фиппаинӕгтӕ регистрацийы реестртӕ аразыны рӕстӕджы.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕй документаци тӕлмац кӕнын ӕмӕ сӕ легализацийы фарстыл. Лалыты Зӕлинӕ бахахх кодта, республикӕйы кӕй нӕй лингвистон къамис зонадон-иртасӕн институты, цы ран профессионалон тӕлмацгӕнджытӕн сӕ бон уыдаит тӕлмац кӕнын фӕсарӕйнаг документтӕ.

Фембӕлды рӕстӕджы ма ӕрдзырдтой кадастрон хыгъды фарстытыл, се хсӕн фатертӕ ӕмӕ зӕххы хӕйтты фӕзуаттӕ сбарыны проблемӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0