ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы спорты галуан "Олимп"-ы 15 сентябры ацӕудзысты ерыстӕ ленк кӕнынӕй Республикæйы боны цытæн. Уыдонæй балхынцъ кæндзыстæм скъолæйы мидæггагон ерыстæ 2019 азы, фехъусын кодта Sputnik РХИ Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.
Ерыстæ ацæудзысты 15 сентябры.
"Турнир снысан кодтам ахуыры азы райдайæнмæ, цæмæй сывæллæттæ æрæмысой кæй сты спортсмсентæ, банкъарой спортивон тохы улæфт æмæ бавналой тренировкæтæм хуыздæр суæвыны фæндтимæ, - загъта Терлеева.
Уый ма радзырдта, иууыл чысылдæр спортсментæ сæ тыхтæ фæлвардзысты 25 метры дистанцийыл, астæуккæгтæ - 50 метры æмæ хистæр кары та сæдæ метры дистанцийыл.
Ленк кæныны федерацийы хистӕр Евгения Терлеева Хуссар Иры кусы дыууӕ азы бӕрц, йӕ куыстӕн йын бӕрзонд аргъ скодтой ивгъуыд аз – 2018 азы бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ Спорты комитет уый рахицӕн кодта преми "Тренер года"-йӕ.