Фыццаг генералон: Цхинвалы уагъд цӕуынц Республикӕйы боны цытӕн парады репетицитӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы уагъд цӕуынц Республикӕйы боны цытӕн парады репетицитӕ
Цхинвалы уагъд цӕуынц Республикӕйы боны цытӕн парады репетицитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ расидыны 29-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парад ацӕудзӕн 20 сентябры. Ацы аз бӕрӕгбонон марш уагъд цӕудзӕн Мӕскуыйаг уынгыл

ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы ацыд Республикӕйы боны цытӕн ӕфсӕддон парады фыццаг генералон репетици. Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй репетицийы хайад райстой Хъахъхъӕнынады министрад, Мидхъуыддӕгты министрад, Юстицийы министрад, Уӕлвӕткон уавӕрты министрады къордтӕ, афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ.

Чехойты Инга банысан кодта, ӕфсӕддон парад фыццаг хатт кӕй ацӕудзӕн Мӕскуыйаг уынгыл, уымӕн ӕмӕ Цхинвалы театралон фӕзуатыл ӕххӕст цӕуынц фонтаны арӕзтадон куыстытӕ.

"Фыццаг парад хъуамӕ ауагътаиккой ӕнӕ ӕфсӕддон техникӕйӕ Мӕскуыйаг уынджы фӕтӕны тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодтой, парады кӕй уыдзӕн ӕфсӕддон техникӕ дӕр", - банысан кодта Чехойты Инга.

Цхинвалы ӕрӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд цалдӕр централон уынгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕрӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд цалдӕр централон уынгыл

Дыццӕг ӕмӕ ӕртыццӕджы столицӕйы ацӕудзысты ноджы дыууӕ репетици. Уый размӕ Хъахъхъӕнынады министрад уагъта парады тренировкӕтӕ Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы территорийыл.

Хуссар Ирыстоны ацы аз банысан кӕндзысты Республикӕ расидӕны 29-ӕм афӕдзы бон. 1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕ Советон Цӕдисы сконды. Ацы скъуыддзаг ссис фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0