Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕныл фӕстаг уадзӕн пункт

© Sputnik / Наталья АйриянГуырдзыстонимӕ арӕн
Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ республикӕ сӕхгӕдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕныл уадзӕн пункттӕ "Раздæхæн" æмæ "Синагур"

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон цыппар бонмӕ сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕныл иунӕг уадзӕн пункт, уый баст у мадзӕлтты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынимӕ, кӕцытӕ нывонд сты Республикӕйы бонӕн. Уый тыххӕй ӕртыццӕджы фехъусын кодта республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы хистӕр Биазырты Екатерина.

Ӕфсӕддон парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автозгъорд ӕмӕ ӕфсӕддон парад: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры сентябры бӕрӕгбӕттӕ

"Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ауадзыны нысаниуӕгӕн, кӕцытӕ нывонд сты Республикӕйы бонӕн, 18 сентябры 20.00 сахатӕй 22 сентябры 06.00 сахатмӕ рӕстӕгмӕ ӕрӕхгӕндзысты Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл уадзӕн пункт "Переу"-ы куыст", - банысан кодта ПӔК минӕвар.

Амӕйразмӕ республикӕ сӕхгӕдта паддзахадон арӕныл уадзӕн пункттӕ "Раздæхæн" æмæ "Синагур". Ацы уадзӕн пунктты куыст сног кӕндзысты уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уый фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0