Уӕрӕсейы прокуратурӕ кусы Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕй цалдӕры экстрадицийыл

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвалы уагъд цӕуы тымбыл фынг РХИ ӕмӕ УФ Генпрокуратурӕты минӕвӕртты хайадистӕй
Цхинвалы уагъд цӕуы тымбыл фынг РХИ ӕмӕ УФ Генпрокуратурӕты минӕвӕртты хайадистӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уагъд цӕуы тымбыл фынг РХИ ӕмӕ УФ Генпрокуратурӕты минӕвӕртты хайадистӕй, уыдон дих кӕнынц сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ информаци актуалон проблемӕты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы генералон прокуратурӕ кусы цалдӕр хуссарирыстойнаг куырдиатыл, цӕмӕй сын радтой республикӕйы ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ фыдракӕндтӕ сарӕзтой Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ расттӕрхонӕй ӕмбӕхсынц Уӕрӕсейы, загъта УФ прокуратурӕйы эктрадицийы хайады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Сергей Горленко.

 УФ Генпрокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры делегаци хайад райста тымбыл фынджы куысты УФ Генпрокуратурæйы

Цхинвалы уагъд цӕуы тымбыл фынг РХИ ӕмӕ УФ Генпрокуратурӕты минӕвӕртты хайадистӕй. Мадзал арӕзт ӕрцыд барадхъахъхъӕнӕг органты ӕгуыстады нывӕзты фӕлгӕтты, йӕ хайадисджытӕ дих кӕнынц сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ информаци актуалон проблемӕты фӕдыл.

Горленко лыстӕггай радзырдта хуссарирыстойнаг коллдегӕтӕн, куыд цӕуы Уӕрӕсейы экстрадицийы процесс ӕндӕр бӕстӕтӕм, афтӕ ма цавӕр сӕйраг аххосӕгтӕ цӕуынц нымад фыдгӕнӕджы ма раттынӕн.

"Фӕстаг дыууӕ азы махмӕ ӕрбацыд цалдӕр куырдиаты Хуссар Ирыстонӕй йе 'мбӕстӕгты раттыны тыххӕй. Иуы фӕдыл - Джиотӕй иу лӕппу - мах не сразы стӕм, уымӕн ӕмӕ йын уыд уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад дӕр", - радзырдта Горленко.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уынаффӕтӕ цӕуынц ноджы иу куырдиатыл - Плиты Леониды фӕдыл, кӕцы аххосджын цӕуы амарды ӕмӕ ахӕстонӕй алыгъды. Ахуыр цӕуынц хабары лыстӕг хӕйттӕ ӕмӕ уый фӕстӕ ист ӕрцӕудзӕн скъуыддзаг.

УФ Генпрокуратурӕйы минӕвар ма банысан кодта, августы Уӕрӕсе кӕй не сразы Гуырдзыстонӕн дыууӕ адӕймаджы раттын, уымӕн ӕмӕ сын уыд уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад.

Дзырд цӕуы Хуссар Иры барадхъахъхъӕнӕг органты дыууӕ кусӕгыл - Табуты Алик ӕмӕ Гуырцыты Давидыл, кӕцыты фарон Гуырдзыстон фӕсаууонмӕ фӕазымджын кодта Арчил Татунашвилийы амӕлӕты ӕмӕ сӕ радта ӕхсӕнадӕмон агуырдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0