ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Францийы 86-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн бæстæйы раздæры президент Жак Ширак, хъусын кæны РИА Новости агентад Франс Прессыл æнцойгæнгæйæ.
"Президент Жак Ширак амард абон райсом йе 'ввахс адæмы цур", - хъусын кæны агентад Ширакы сиахс Фредерик Сала-Баруйы ныхæстæ.
Ширак лæууыд Францийы сæргъ 1995-2007 æзты.
Уый райгуырд Францийы хуссары, ахуыр æмæ æфсады фæстæ райдыдта политикæйы архайын. Хицæн æзты уыд хъæууон хæдзарады министр, премьер-министр, оппозицион партийы раздзог. 1977 азæй та уыд Парижы мэр.