Эрмитажы банысан кӕндзысты Ирыстоны фыццаг минӕварадыл 270 азы сӕххӕст

© Sputnik / Алексей ДаничевХуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой Санкт-Петербурджы минӕварады баконды афӕдзы боны мадзӕлтты нывӕзтыл
Хуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой Санкт-Петербурджы минӕварады баконды афӕдзы боны мадзӕлтты нывӕзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой Санкт-Петербурджы минӕварады баконды афӕдзы боны мадзӕлтты нывӕзтыл

ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Санкт-Петербурджы уагъд цӕудзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы Ирыстоны фыццаг минӕварады бакондыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн. Президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ацӕудзысты 22 октябры Эрмитажы, цы ран хайад райсдзысты президент Бибылты Анатолий, хицауады уӕнгтӕ, культурӕйы уагдӕтты разамонджытӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон коллективтӕ.

Императрицӕ Елизавета - Sputnik Хуссар Ирыстон
Императрицӕйы уынаффӕ: Медойты Дмитрий Ирыстоны фыццаг бастдзинӕдты тыххӕй Уӕрӕсеимӕ

Мадзӕлтты нывӕзтыл ӕрдзырдтой хицауады рабадтыл премьер-министр Пухаты Эрикы къухдариуӕгады бын.

Культурӕйы министр Зассеты Жанна куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй бацӕттӕ кодтой бӕрӕгбоны иумӕйаг нывӕзт Цӕгат Ирыстонимӕ.

"Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн бацӕттӕ кодтам иумӕйаг мадзӕлтты нывӕзт, кӕцымӕ гӕсгӕ цӕгат ӕмӕ хуссар бавдисдзысты Ирыстоны историйы тыххӕй ӕрмӕджытӕ. Нӕ хӕслӕвӕрд у равдисын уӕрӕх публикӕйӕн археологион ӕмӕ историкон ӕрмӕджытӕ ацы темӕйы фӕдыл, Уӕрӕсеимӕ ахастыты райрӕзты истори, Ирыстоны культурӕ ӕмӕ традицитӕ", - загъта министр.

Бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы байгом уыдзӕн мультимедийон историкон парк "Уӕрӕсе – Мӕ истори", кӕцыйы фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты концерттӕ, документалон кинонывты равдыст, сорганизаци кӕндзысты национ амалиуӕгты мастер-класстӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Рабадты хайадисджытӕм банхъардтой, цӕмӕй ӕввахс бонты бавдисой культурӕйы министрадмӕ информаци мадзӕлтты ӕрмӕджыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0