ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Инвестпрограммӕйы реализаци уагъд цӕуы хорз темпты, фӕлӕ ма дзы ис фарстытӕ, кӕцытыл хъӕуы бакусын, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 2019 Инвестицион программӕйы фӕдыл радон рабадты рӕстӕджы.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Динайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рабадты куысты хайад райстой хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ нардуатон организациты минӕвӕрттӕ.
"Мах хъуамӕ уынӕм, цы нын бантыст, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ дзы цы проблемӕтӕ ис, цӕмӕй балхынцъ кӕнӕм Инвестицион программӕ фидаргонд нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Иумӕйагӕй гӕнӕн ис банысан кӕнын, Инвестпрограммӕйы реализаци уагъд кӕй цӕуы хорз темпты. Фӕлӕ дзы ис фарстытӕ, кӕцытыл хъӕуы бакусын", - банысан кодта Бибылты Анатолий.
Уымӕй дарддӕр рабадты хайадисджытӕ лӕмбынӕгӕй ӕрдзырдтой 2019 азы Инвестицон программӕйы фӕлгӕтты объекты арӕзтадыл, куыстытӕ ӕххӕст кӕныныл ӕмӕ финансон фӕрӕзтӕ хардз кӕныныл.