Фыццаг фӕстиуджытӕ: Хуссар Иры парламенты спикер радзырдта ног ӕрсидты куысты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тадтаты Алан радзырдта журналисттӕн парламенты ног ӕрсидты фыццаг къахдзӕфты тыххӕй, афтӕ ма ӕххуысы тыххӕй адӕмӕн, кӕцытӕ бадзырдтой депутаттӕм

ЦХИНВАЛ, 27 сен ­– Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Алан хатдзӕгтӕ скодта ног депутатон корпусы куысты сӕдӕ бонӕн. Sputnik пресс-центры журналисттимӕ фембӕлды рӕстӕджы закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг радзырдта парламенты куыст, Хуссар Ирыстоны арӕны уавӕр ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстады тыххӕй.

"Фыццаг мӕ фӕнды зӕгъын бузныг сымахӕн ӕрхуынды тыххӕй ӕргом ныхасмӕ. Ӕхсызгонӕй ӕрбацыдтӕн ӕмӕ хъуыды кӕнын, къухдариуӕгад гом кӕй хъуамӕ уа цӕрджытӕн, ӕмӕ ӕвзарӕг хъуамӕ зоны, цы архайынц депутаттӕ ӕмӕ сын уына сӕ куыст", - загъта спикер.

© Sputnik / Наталья АйриянТадтаты Алан
Фыццаг фӕстиуджытӕ: Хуссар Иры парламенты спикер радзырдта ног ӕрсидты куысты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тадтаты Алан

Тадтаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы сӕдӕ бонмӕ парламенты сарӕзтӕуыд ӕппӕт депутатон корпус, комитетты сконд.

Парламенты спикер банысан кодта, ацы сӕдӕ боны кӕй уыдысты депутатты каникултӕ ӕмӕ Хӕдбардзинад банымайыны боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ.

"Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ депутаттӕ спикеры сӕргълӕудӕй куыстой законты ног проекттыл. Мах райстам фондз законы, уыдоны нымӕцы – ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ ӕмӕ хъалонон кодексмӕ, афтӕ ма туберкулезы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл закон", - радзырдта спикер.

Уымӕй дарддӕр Тадтаты Алан бахахх кодта, йӕ номыл кӕй ӕрбацыд парламентмӕ сӕдӕ куырдиатӕй фылдӕр, кӕцыты фылдӕр хай баст уыдысты цӕрӕнуатон проблемӕтӕ ӕмӕ социалон ӕххуысимӕ.

Хуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кæй территорийыл ис пост? Хуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй

"Ацы сӕдӕ бонӕй бирӕ рӕстӕг ацыд ӕвзарджытӕн дзырдлӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл. Парти "Иугонд Ирыстон" арвыста хоскӕнынмӕ 57 адӕймаджы, сӕххӕст кодта социалон ӕххуыс 43 ӕмбӕстагӕн, баххуыс кодта авд спортсменӕн. Афтӕ ма мах баххуыс кодта Знауыры районы ерыстӕ сорганизаци кӕнынӕн ӕмӕ нуазыны дон дыууӕ хъӕумӕ ауадзынӕн", - бафтыдта Тадтаты Алан.

Хуссар Ирыстоны парламенты VII ӕрсидтмӕ ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 9 июны. Уыцы мӕй ацыд депутатон корпусы фыццаг рабадт.

Депутатон мандатты фылдӕр хай ис парти "Иугонд Ирыстон"-мӕ, уый райста 14 бынаты. Дыккаг бынатыл ацыд Адӕмон парти 5 мандатимӕ. Цыппар депутаты ис парти "Ныхас"-ы фракцийы. "Адӕмы иудзинад"-ӕн ис ӕртӕ бынаты парламенты, ноджы ма дыууӕ мандат та ис Коммунистон партимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0