Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы

© Из архива тренера В. Хаситы Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы
Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртæ боны дæргъы ерыстæ Хуссар Ирыстоны командæйæн æрхастой 6 сыгъзæрин, иу æвзсит æмæ цыппар бронзæ майданы

ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта 11 майданы ДАР фыццаг президент Александр Захарченкойы номарæн турниры, уыдонæй 6 сыгъзæринтæ, фехъусын кодта Sputnik спорты галуан "Олимп"-ы хистæр тренер Хаситы Владислав.

Донецкы адæмон республикæйы турнир ахицæн къуырисæры. Ӕртæ боны дæргъы ерыстæ Хуссар Ирæн æрхастой 6 сыгъзæрин, иу æвзист æмæ цыппар бронзæ.

"Æхсæнадæмон турниры уæлахиздзаутæ ссисты – Ӕлборты Сослан, Зæгъойты Алан, Гуыцмæзты Георгий, Багаты Марат, Багаты Дмитрий, æмæ Гæджиты Гурам. Уæлахиздзаутæй иу къæпхæн ныллæгдæр у Ян Яралов. Командæйы уæнгтæй ма ноджы цыппар лæппу райстой бронзæ майдантæ", - загъта Хаситы Владислав.

Къорды сконды уыдысты Хуссар Иры æппæт боксы секциты аккагдæр хъомылгæнинæгтæ, сæ нымæцы 2019 азы Уæрæсейы фыццагады финалист Гæджиты Гурам æмæ ацы ерысты 2018 азы призер Ӕлборты Сослан, Ӕхсæнадæмон ерысты уæлахиздзау Зæгъойты Алан æмæ æндæртæ.

Турниры архайдтой бынæттонтæй дарддæр боксертæ Абхазæй, Сомихстонæй æмæ Уæрæсейы регионтæй.

© Из архива тренера В. ХаситыХуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы
Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры командæ боксæй рамбылдта Захарченкойы номарæн турниры 11 майданы
Ног хабӕртты лентӕ
0