Хуссар Иры Гарзджын тыхты делегаци хайад райста Абхазы бӕрӕгбонон мадзӕлтты

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады делегаци хайад райста Абхазы бӕрӕгбонон мадзӕлтты
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады делегаци хайад райста Абхазы бӕрӕгбонон мадзӕлтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы Хӕдбардзинад ӕмӕ Уӕлахизы боны цытӕн мадзӕлттӕ уагъд цыдысты Сухум ӕмӕ республикӕйы ӕндӕр горӕтты

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Хъахъхъӕнынады министрады делегаци министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы сӕргълӕудӕй хайад райста бӕрӕгбонон мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Абхазы адӕмы уӕлахизыл 1992-1993 ӕзты Фыдыбӕстӕйон хӕсты 26 азы сӕххӕсты цытӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта уагдоны пресс-секретарь Чехойты Инга.

Хуссар Иры президент раарфӕ кодта Абхазӕн Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент раарфӕ кодта Абхазӕн Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады боны цытӕн

Ахсджиаг датӕйы цытӕн мадзӕлттӕ ацыдысты Сухум ӕмӕ республикӕйы ӕндӕр горӕтты, цы ран хайад райстой Абхазы куъхдариуӕгад президент Раль Хаджимбайы сӕргълӕудӕй, хӕсты ветерантӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг делегацитӕ.

"Республикӕмӕ балцы рӕстӕджы делегацийы минӕвӕрттӕ Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мираб Кишмарияимӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ Кады Мемориалмӕ Сухумы центры, афтӕ ма хайад райстой мысӕн ӕмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлтты", - банысан кодта Чехойты Инга.

Абхазы 30 сентябры нысан кӕнынц Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады бон. Ацы бон 26 азы размӕ абхазаг ӕфсӕдтӕ рахызтысты Ингуры донмӕ, Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕнмӕ ӕмӕ сӕвӕрдтой хидыл абхазаг тырыса. Афтӕмӕй фӕцис Абхазы адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕст.

Гуырдзиаг-абхазаг хӕст цыд 413 боны, конфликты рӕстӕджы фӕмард сты 3,5 мин адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0