Хуссар Иры парламенты спикеры схорзæхджын кодтой донецкаг УУМ майданæй

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты спикеры схорзæхджын кодтой донецкаг УУМ майданæй
Хуссар Иры парламенты спикеры схорзæхджын кодтой донецкаг УУМ майданæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы УУМ раздæры сæргълæууæг хорзæх райста уæлвæткон уагдоны ныры министр Цоциты Азæмæты къухтæй

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паралменты спикер Тадтаты Алан хорзæхджын æрцыд майдан "V лет МЧС ДНР"-æй. Хорзæх лæвæрд æрцыд ДАР уæлвæткон уавæрты министры барамындæй, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.

"Хуссар Ирыстоны парламенты спикер бузныг загъта Донецкы УУМ къухдариуæгадæн ахæм бæрзонд хорзæхы тыххæй æмæ равдыста ныфс, дарддæр дæр æмгуыстад кæй уыдзæн фæстиуæгджын", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хорзæхкæныны фæдыл барамынд бафыста ДАР УУМ сæргълæууæг Алексей Кострубицкий 2019 азы 16 сентябры. Республикæйы УУМ раздæры сæргълæууæг хорзæх райста уæлвæткон уагдоны ныры министр Цоциты Азæмæты къухтæй, кæцы æрыздæхт Донецкæй, цы ран хайад иста уагдоны юбилейы цытæн мæдзæлтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0