Ӕхгӕд режимы: Хуссар Иры парламенты райдыдта рабадт арӕны фарстыты фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ фӕнд кӕнынц раттын фарстытӕ паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фӕдыл паддзахадон къамис ӕмӕ ивгъуыд ӕрсидты парламентон къамисы уӕнгтӕм

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты ӕртыццӕджы, 2 октябры, ӕхгӕд режимы уагъд цӕуы рабадт республикӕйы паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фарстыты фӕдыл, хъусын кӕны информацион-аналитикон хайады кусӕг Хуыбиаты Зӕринӕ.

Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвирхъау фыдракӕнд: парламенты спикер Гуырдзыстоны провокациты тыххӕй Хуссар Иры арӕныл

Депутатты сконды сӕргъ, кӕцы кусы ацы фарсты фӕдыл, слӕууыд хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады комитеты сӕргълӕууӕг Бибылты Ацӕмӕз. Йӕ доклады уый банысан кодта, арӕны фарстыты фӕдыл ацыдысты комитетты рабадттӕ, ӕмӕ алкӕцы депутат дӕр загъта йӕ хъуыды.

Рабадтмӕ ӕрхуыдтой алкӕцы къамисы минӕвӕртты дӕр, кӕцытӕ куыстой 2009 азӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕнты демаркаци ӕмӕ делимитацийы фарстытыл.

"Депутаттӕ нывӕндынц раттын фарстытӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фӕдыл паддзахадон къамис ӕмӕ ивгъуыд ӕрсидты парламентон къамисы уӕнгтӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0