Хуссар Ир хайад исы фӕсивӕдон инновациты кейс-чемпионаты

© Facebook/Тамара ДзудцоваХуссар Ир хайад исы фӕсивӕдон инновациты кейс-чемпионаты
Хуссар Ир хайад исы фӕсивӕдон инновациты кейс-чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъырымы фӕсивӕдон инновациты кейс-чемпионаты орагнизаторты нысаниуӕг у раттын сывӕллӕттӕн фадат фехъусын кӕнын сӕ хъуыдытӕ горӕты цард фӕхуыздӕр кӕныны хъуыддаджы

ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Фӕсивӕдон инновациты ӕхсӕнадӕмон кейс-чемпионат хъырымаг Ласпийы ӕрӕмбырд кодта хайадисджыты Уӕрӕсейы 30 регионӕй, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй, Белоруси, Молдова ӕмӕ Казахстанӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ сты технопарк "Кванториум"-ы ахуыргӕнинӕгтӕ, олимпиадӕты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ фӕсивӕдон инновациты инитиативон хайадисджытӕ – уый у ног уӕрӕсейаг проект, кӕцыйы уӕлахиздзаутӕ ссисты авд сывӕллоны Ирыстонӕй, сӕ нымӕцы цыппар Хуссар Ирыстонӕй: Гуыцмӕзты Андрей, Остъаты Сӕрмӕт, Джиоты Константин ӕмӕ Зассеты Максим.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæсивæд цайдагъ кæнынц социалон проекттæ аразыныл Хъырымы

Кейс-чемпионат ӕрӕмбырд кодта 300 сывӕллоны 12-18 азы кары ӕмӕ ссис уникалон эксперименталон фӕзуат.

Дӕс боны дӕргъы, 1-ӕй 10-ӕм октябрмӕ, хайадисджытӕ хъуамӕ ссарой горӕт Севастополы актуалондӕр проблемӕтӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, ахуырад, туризм ӕмӕ экосистемӕйы фадыджы.

Организаторты фӕнды бакусын проблемӕтыл сывӕллӕттимӕ иумӕ, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн ис ног хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ бон у ссарын проблемӕтӕн оригиналон скъуыддзӕгтӕ.

Уӕлахиздзауты фехъусын кӕндзысты "Технофест" фестивалы рӕстӕджы, кӕцыйӕ балхынцъ уыдзӕн кейс-чемпионат Севастополы.

Ног хабӕртты лентӕ
0