Тадтаты Алан загъта йӕ хъуыды Хуссар Иры парламенты ӕхгӕд рабадты тыххӕй

© SputnikТадтаты Алан
Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадататы Алан радзырдта Sputnik, цӕуыл ныхас кодтой РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн паддзахадон арӕны фӕдыл ӕхгӕд парламентон рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент сарӕзта депутатон къорд, кӕцы ӕркӕсдзӕн Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны демаркаци ӕмӕ делимитацийы фӕдыл къамисы куыстмӕ, радзырдта Sputnik закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан.

"Хуссар Ирыстоны парламенты ацыд рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрдзырдтой арӕн ӕмӕ къамисты уавӕрыл, кӕцытӕ куыстой 2009 азӕй фӕстӕмӕ – хицауадон къамис ӕмӕ ивгъуыд ӕрсидты парламентон къамис. Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтам иппӕрдтыл, кӕцытӕ уыдысты дыууӕ къамисы куысты ", - загъта Тадтаты Алан.

© Sputnik Комментарии спикера парламента Южной Осетии Алана Тадтаева по слушаниям в закоргане
Тадтаты Алан загъта йӕ хъуыды Хуссар Иры парламенты ӕхгӕд рабадты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Комментарии спикера парламента Южной Осетии Алана Тадтаева по слушаниям в закоргане

Спикер банысан кодта, ӕрӕмӕбырдуӕвджытӕ кӕй байхъуыстой ацы къамисты уӕнгтӕм, кӕцытӕ сдзаупп кодтой депутатты фарстыл, фӕлӕ уыдоныл дарддӕр дӕр хъӕуы ныхас кӕнын.

Тадтаты Алан бафтыдта, зӕгъӕ, дарддӕр дӕр уадздзысты рабадттӕ, уымӕн ӕмӕ парламентмӕ не рбацыдысты ӕрхонгӕ адӕм иууылдӕр.

"Мах фӕнды фехъусын сӕ хъуыды. Махӕн хъуамӕ уа бӕрӕг позици РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн паддзахадон арӕны фӕдыл. Фидӕны рабадты датӕ фехъусын кӕндзыстӕм парламенты абоны сессийы рӕстӕджы", - бахахх кодта парламенты спикер.

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0