Бибылты Анатолий: Хуссар Иры УУМ-ӕн ӕхсӕнад кад ӕмӕ цыт кӕны

© Sputnik / Плиты ФатимаРХИ УУМ
РХИ УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон нысан кӕны йӕ сӕвзӕрды 11-ӕм афӕдзы бон. Ацы цауы фӕдыл уагдоны кусджытӕн раарфӕ кодта паддзахады сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ профессионалон архайд кӕнынц уӕззау уавӕрты рӕстӕджы, уый фӕдыл сын ӕхсӕнад кад ӕмӕ цыт кӕны. Уый тыххӕй дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы министрадӕн, кӕцы майрӕмбоны нысан кӕны йӕ сӕвзӕрды 11-ӕм афӕдзы бон.

Хуссар Иры УУМ хистæр хайад райста Донецкы зынгсирвæзты ныхмæ хайады баконды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ хистæр хайад райста Донецкы зынгсирвæзты ныхмæ хайады баконды

Президент банысан кодта, министрады кусджытӕ кӕй сӕххӕст кодтой егъау куыст Хуссар Ирыстоны территори ӕмӕ цӕрджыты уӕлвӕткон уавӕртӕй бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.

"Сымах ӕххуыс кӕнут адӕмӕн, кӕцытӕ бахауынц фыдбылызы. Республикӕйӕн уӕззау уавӕры рӕстӕджы та сымах хӕцӕнгарзимӕ хъахъхӕдтат Хуссар Ирыстоны хӕбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинад", - банысан колта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Президент загъта бузныг УУМ ветерантӕн сӕ бӕрнон ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй.

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад сарӕзтӕуыд 2008 азы 4 октябры. Уагдоны фыццаг сӕргълӕууӕг уыд Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0