Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ республикӕйы уагдӕттӕ майрӕмбоны бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл документтӕ. Бадзырдтӕм гӕсгӕ иумӕйаг тох кӕндзысты фыдракӕндты ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) бахахх кодтой сӕ цӕттӕдзинад райтынг кӕнын ахастытӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнын кӕрӕдзийӕн фыдракӕндты ныхмӕ тохы, фехъусын кодта документ бафыссыны фӕстӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь.

Бон, кӕцымӕ дыууӕ фарс дӕр рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, рауад ӕнтыстджын: майрӕмбоны райсомӕй ЛАР делегаци бафыста хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ ӕртӕ бадзырды.

Фыццаг бадзырдтӕ бафыстой Уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдты сӕргълӕуджытӕ Цоциты Азӕмӕт ӕмӕ Евгений Кацавалов.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы УУМ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл
Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы УУМ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл

"Мах уымӕ цыдыстӕм цалдӕр азы, ӕмӕ абон радтам нӕ уагдӕтты хсӕн ахастытӕн юридикон статус", - фехъусын кодта Кацавалов.

Колллегӕтӕ ӕрӕвӕрдтой сӕ къухфысттӕ, уый фӕстӕ Евгений Кацавалов радта Цоциты Азӕмӕтӕн зӕрдылдарӕн маркӕ Луганск ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысаты хуызӕгтимӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы УУМ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл
Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы УУМ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл

Уый фӕстӕ бадзырд бафыстой РХИ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ)сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ӕмӕ луганскаг уагдоны разамонӕг Игорь Корнет.

Фарсыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, бадзырды фӕлгӕтты ӕххӕст цӕудзӕн активон ӕххуыс фыдракӕндтимӕ тохы.

"Абон мах сарӕзтам стыр къахдзӕф. Райтынг кӕндзыстӕм нӕ ахастытӕ ӕмӕ иумӕ тох кӕндзыстӕм фыдракӕндты ныхмӕ", - бахахх кодта Наниты Игорь.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы МХМ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл
Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы МХМ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл

Афтӕ ма фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныныл бадзырдтой Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ ЛАР генералон прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Горенко.

"Ацы бадзырд цӕттӕ кодтам иу азы дӕргъы ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, кӕй йӕ хъӕуы бафыссын.Скуыддзаг кӕндзыстӕм проблемӕтӕ ацы документты бындурыл", - загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы генералон прокуратурӕтӕ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл
Бӕллиццаг бадзырдты бон: Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы республикӕ тох кӕндзысты фыдракӕндтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы генералон прокуратурӕтӕ бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

2017 азы майы РХИ ӕмӕ ДАР бафыстой ӕмгуыстады бадзырд, документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой республикӕйы лидертӕ - Бибылты Анатолий ӕмӕ Александр Захарченко. 2018 азы декабры Цхинвалы бафыстой аналогион бадзырд Луганскы АДӕмон Республикӕимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0