Айчы йас: Хуссар Иры цалдæр хъæуы ныццагъта их

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры цалдæр хъæуы ныццагъта их
Хуссар Иры цалдæр хъæуы ныццагъта их - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрдзон бæллæх рацыд Знауры æмæ Цхинвалы районты хъæутыл, сæйраг горæты кæцыдæр рæтты сыстад тыхдымгæ

ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Цхинвалы æмæ Знауыры районты цалдæр хъæуы хуыцаубоны изæр ныууарыд æнахуыр стыр их. Ӕрдзон бæллæх разиан кодта фæззыгон тыллæгæн.

"Хуыцаубоны изæры 19.45 сахатмæ æввахс райдыдта уарын æмæ не ʻрлæууыд 15 минуты бæрц. Йæ фæззыгон дыргъ æмæ халсар æрæмбырд кæнын кæмæн нæ бантыст, уыдонæн сæ тыллæг фесæфта", - загъта Sputnik Знауыры районы Хъорнисы хъæуы цæрæг.

Районы пресс-службæйы куысæджы ныхæстæм гæсгæ, их уыд Хъорнис æмæ Бехъмары хъæуты.

Их рацыд Цхинвалы районы æртæ стыр хъæуыл дæр, æрдзон бæллæх фылдæр бæрцæй фесæфта сæнæфсиры тыллæг Арцеу, Бихъар æмæ Громы.

"Хъæуты цæрджытæ зæгъынц, зæгъгæ, ахæм стыр их никуы ма ныууарыд - кæцыдæртæ уыдысты карчы айчы æмбæрц. Фылдæр бæрцæй фесæфт сæнæфсир, къабуска æмæ дыргътæ. Хæдзæрттæ æмæ исадæн ницы разиан кодта. Абон уавæр бабæрæг кæндзыстæм бæстонæй", - загъта Sputnik Цхинвалы районы хистæр Мамытаты Вахтанг.

© Sputnik / Фатима ПлиеваИх Хъорнисы хъæуы
Айчы йас: Хуссар Иры цалдæр хъæуы ныццагъта их - Sputnik Хуссар Ирыстон
Их Хъорнисы хъæуы

Дзауы районы пресс-службæйы хъусинагмæ гæсгæ, æрдзон бæллæх уыдонæн ацыд сæ иувæрсты.

Их рауарыд столицæйы дæр, фæлæ уымæн йæ тых уыд лæмæгъдæр, стæй уаргæ дæр кодта къаддæр рæстæг.

"Их æнæбары уыд, фæлæ уыд тыхдымгæ. Нæ сыхæгтæн сæ æфтуанагъуыст дымгæйæ ракалд", - загъта БАМ-ы бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг Георгий.

© Sputnik / Фатима ПлиеваИх уыд карчы айкы æмбæрц
Айчы йас: Хуссар Иры цалдæр хъæуы ныццагъта их - Sputnik Хуссар Ирыстон
Их уыд карчы айкы æмбæрц
Ног хабӕртты лентӕ
0